Гасситы Мурӕтӕн Цӕгат Ирыстоны балӕвар кодтой фатер

© Sputnik / Алина БолотаеваВячеслав Битаров и Мурат Гассиев
Вячеслав Битаров и Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион Гасситы Мурӕт ӕмӕ йӕ тренер Сланты Виталийӕн Цӕгат Иры радтой хорзӕхтӕ ӕмӕ фатерты дӕгъӕлтӕ.

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав схорзӕхджын кодта Гасситы Мурӕт ӕмӕ йӕ тренер Сланты Виталийы майдантӕй "Во Славу Осетии".

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт рамбылдта тох æмæ ссис дуейы уæлахиздзау

Афтӕ ма боксер-чемпион ӕмӕ йӕ тренерӕн Битарты Вячеслав балӕвар кодта фатертӕ дӕр.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, уӕлдай бузныг кӕй фӕцис спортсменӕй, йӕ уӕлахиз Ирыстонӕн кӕй снывонд кодта, уый тыххӕй.

"Фӕнды мӕ раарфӕ кӕнын йӕ уӕлахизы тыххӕй не ‘мзӕххон Гасситы Мурӕтӕн, афтӕ ма Сланты Виталийӕн. Ӕнӕ уый фыдӕбон ӕмӕ куыстӕй, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уыдаиккой ацы уӕлахизтӕ дӕр. Стыр бузныг уын", — загъта Битары фырт.

Уый бахахх кодта, ацы уӕлахиз Ирыстонӕн тынг ахсджиаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ разӕнгард кӕны фӕсивӕды спортӕй архайынмӕ, ӕнтыстытӕм тырнынмӕ.

© Sputnik / Алина БолотаеваГасситы Мурӕт ӕмӕ Битарты Вячеслав
Вячеслав Битаров и Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Битарты Вячеслав
Фембӕлды ма хайад райста чемпионы промоутер Алексей Васильев. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, Мурӕтӕн тыхтӕ лӕвӕрдта уый, ӕмӕ йын Ирыстоны афтӕ тынг кӕй бӕллыдысты йӕ уӕлахизмӕ.

"Ӕппӕт Ирыстон ӕнхъӕлмӕ каст ацы ӕнтыстмӕ ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы хабар бандӕвта нӕ уӕлахизыл ӕвӕрццагӕй", — загъта промоутер.

Ног хабӕртты лентӕ
0