Генпрокуратурæ бакодта хъуыддаг цхинвайлаг лӕппуйы фæнæмæг МСНК-ы кусджытыл

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæБоец ОМОН
Боец ОМОН - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равзæрсты рæстæджы рабæрæг ис, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæн бар кӕй нæ уыд зынгæхсгæ хæцæнгарзæй спайда кæнын, стæй ма уыдон ахызтысты сæ барты сæрты.

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Милицийы сæрмагон нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджыты ныхмæ, кæцытæ фæнадтой Цхинвалы цæрæджы, фехъусын кодтой Sputnik ведомствæйы пресс-службæйы.

Бойцы Омона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы фӕнадтой Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ

Инцидент æрцыд 27 ноябры Цхинвалы, уазæгдон "Алан"-мæ хæстæг. МСНК-ы æртæ кусæджы фæнадтой горæты 21-аздзыд цæрæджы. Зианбаййафæг райста сæргæхцы уæззау цæфтæ æмӕ цæсгомы хъæдгæмттæ. Рынчындонæй йæ рафыстой дыккаг бон.

"Равзæрсты рæстæджы рабæрæг ис, МСНК æмæ зианбаййафæг лæппуйы хсæн кӕй бацайдагъ хыл. Лæппу ныццавта МСНК кусджытæй иуы, уый фæстæ милицийы иннæ кусæг ныццавта зианбаййафæг лæппуйы", — загътой Генпрокуратурæйы.

Афтæ ма рабарæг ис, МСНК кусæг кӕй систа хæцæнгарз æмæ фехста лæппуйы къæхты бынмæ. Генпрокуратурæйы нымайынц, ацы архӕйдтытæ кæй халынц Хуссар Ирыстоны закон "О милиции"-йы уагæвæрд, уымæн æмæ милицийы кусджытӕн хæцæнгарзæй спайда кæнынынæн бындур нæ уыд.

"Уый фæстæ МСНК кусджытæ дарддæр надтой лæппæуйы, афæлдæхтой йæ зæххыл, стæй та йæ сбадын кодтой машинæйы æмæ йӕ акодтой МСНК-мæ, уырдыгæй та мидхъуыддӕгты министрады горæты хайадмӕ", — бæрæг у уголовон хъуыддаджы æрмæгæй.

Ацы цауы фæдыл Генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг УФ УК 114 статьяйы дыккаг хаймæ гæсгæ.

Ныридæгæн уагъд цæуынц æппæт æнæмæнгхъæуæг сгарæн куыстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0