ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддœгты министрады кусджыты куыстмызд 2017 азœй фœфылдœр уыдзœн 20%, ногдзинӕдтӕ сæ тыхы бацæудзысты, УФ ӕмӕ РХИ барадхъахъхъæнæг органты хсæн фидар куы ӕрцæуа сӕрмагонд бадзырд, уæдæй, хъусын кӕны уагдоны сайт министр, милицийы инœлар-майор Лœууойты Æхсары ныхӕстӕ.
"Хуссар Ирыстон œмœ Уœрœсейы хсœн бадзырды фæлгæтты нœ республикœйы мидхъуыддœгты органты материалон-техникон ифтонгад œмœ кусджыты куыстмызд фœфылдœр уыдзæн этапгай. 2017 азœй 2021 азмœ кусджыты куыстмызд хъуамœ сœмхуызон уа Цœгат Кавказы мидхъуыддœгты органты кусджыты куыстмыздимœ", — загъта Лœууойты Æхсар.
Ивындзинæдтæ, министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, канд куыстмызд фӕфылдӕр кӕныны хъуыддаджы нæ уыдзæн, фœлœ ма материалон œмœ техникон фœрœзтӕ фӕхуыздӕр кӕныны дœр.
"Бадзырды фæлгæтты ма Хуссар Ирыстоны мидхъуыддœгты органты материалон-техникон ифтонгад, œхцайы œввонгад œмœ социалон гарантитӕ къœпхœнгай фœфылдœр кæндзысты. Уырдœм хауынц уœлœдарœс, автотранспорт, сœрмагонд техникœ œмœ œндœртœ, иу ныхасœй, милиционеры йе ʻрвылбонон куысты цыдœриддœр хъœуы, уыдон", — банысан кодта министр.
Бадзырдыл ныртӕккӕ цœуы куыст œмœ, нывœзтмœ гœсгœ, бафыст хъуамœ œрцœуа ацы аз, кœннœд та 2017 азы райдианы.