Хуссар Иры финансон фæрæзтæ ныххардз кодтой Екатеринбурджы

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæНа улицах Цхинвала. Архивное фото
На улицах Цхинвала. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ФПУ "Нывæзттæ æмæ проект æххæст кæныны хуссар дирекцийы" раздæры директоры хæдивæг Павел Бегебайæн стæрхон кодтой 9 азы ахæстоны фæбадын Хуссар Ирыстоны финансон фæрæзтæ æнæнысаныл бахардз кæныны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Екатеринбурджы Ленинаг районон тæрхондон суынаффæ кодта Федералон паддзахадон уагдон (ФПУ) "Нывæзттæ æмæ проекттæ æххæст кæныны хуссар дирекцийы" раздæры директоры хæдивæг Павел Бегебайæн фараст азы ахæстон фæбадын Хуссар Ирыстоны финансон фæрæзтæ æнæнысаныл бахадз кæнын æмæ гæртам дæттыны тыххæй, хъусын кæны "Коммерсант".

ФПУ "Нывæзттæ æмæ проект æххæст кæныны хуссар дирекци" (куыста УФ регионалон райрæзты министрады дæлбар) 2009-2010 æзты архайдта Цхинвалы дæлзæххон коммуникацитæ ивыныл.

УФ генпрокуратурæ арвыста тæрхондонмæ Хуссар Ирыстоны ӕхцайы паплойы тыххæй хъуыддаг

Газеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Павел Бегебайы æмкусæг — Елена Слюсарева æмæ бизнесмен Александр Суворовæн дæр ацы уголовон хъуыддаджы фæлгæтты стæрхон кодтой 1,5-2 азы бæрц ахæстоны фæбадын.

Уæрæсейы слесгæнæн комитеты централон аппараты кусджытæ бакодтой уголовон хъуыддаг 2013 азы Нымайæн палатæйы æрмæджыты бындурыл, кæцы сгæрста Хуссар Ирыстоны æндидзынгæнæн куыстытæ.

Аудитортæ банымадтой, Павел Бегеба, кæцы дзуапп дæтта Цхинвалы Биологон сыгъдæггæнæн станцы реконструкцийæн, рафыста 45 миллуан сомы уæлдайджынтæй.

Фæдагурджыты хъуыдымæ гæсгæ, Екатеринбургаг МСУ-66 "Гидромонтаж"-æн ацы уæлфиддæн уый хъуамæ æрæмдзых кодтаид УФ министрадимæ.

Фæдагурджытæ нымайынц, Бегеба 45 миллуан сомы кæй радта, цæмæй йын фадат уа Хуссар Ирыстоны æндзидзæн куыстыты архайын.

Ног хабӕртты лентӕ
0