ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинæдтæ президентон æвзæрстыты фæдыл конституцион законмæ.
Закондæттæг органы депутатæ æмхъæлæсæй сразы сты баххæстгæнинæгтыл.
Ныр пункт, кæцы хауы æвзæрстытæ ауадзыны датæмæ, фыст æрцыд афтæ: Президентон æвзæрстытæ ацæудзысты ныры президент цы мæйы ʻрцыд æвзæрст, уымæн йæ дыккаг хуыцаубоны".
Хуссар Ирыстоны ныры президент æвзæрст ӕрцыд дыккаг туры 2012 азы апрелы мæйы. 2017 азы апрелы дыккаг хуыцаубон, кæцымæ нысан æрцыдысты æвзæрстытæ, хауы 9 апрельмæ.
Парламенты спикер Бибылты Анатолий ивгъуыд мӕйы рахаста ӕркастмӕ законыпроект ӕвзӕрстыты фӕдыл конституцион законмӕ барастгӕнинӕгтӕ бахӕссыны фӕдыл, кӕцы здӕхт у хъӕлӕсӕппӕрст ауадзыны бон сбӕлвырд кӕнынмӕ.
Хъӕлӕсӕппӕрсты датӕ сфидар кодтой фондз азы размӕ ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ гӕсгӕ, кӕцы уагъд ӕрцыд 8 апрелы.