Хицауад бакодта "фӕткъуыты" йӕ сӕрмагонд хъусдарды бын

© Sputnik / Ада БагианЧто такое осень?
Что такое осень? - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕмӕй хъӕууон цӕрджытӕн сӕ фæткъуыйы тыллæг ма фесæфа, уый тыххæй сын хицауад баххуыс кӕндзӕн паддзахадон арæны сæртыл уæз аласынæн документтæ фæхуымæтæггонд хуызы саразынӕн.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад баххуыс кæндзæн амалиуæггæнджытæн сӕ фæткъуыйы тыллæг арæны сæртыл аласыны фæдыл æмбæлон документаци фæхуымæтæггонд схемæмæ гæсгæ райсыны хъуыддаджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Козаты Дмитрий, фыссы хицауад æмæ президенты пресс-службæ.

Яблоки Сатикар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ райынц сӕ тыллӕгыл

Sputnik Хуссар Ирыстон æрæджы фыста Цхинвалы районы цæрджыты проблемӕйы тыххӕй, кӕцытӕ ацы аз æркодтой фæткъуыйы стыр тыллæг æмæ йӕ ныр цы фæкæной, ууыл катай кæныц. Республикӕйы уыйбæрц фæткъуы нæ уæй кæны, Уæрæсейы базармæ та сӕ арæны сæртыл ласыны хæрдзтæ лæууынц тынг бирæ. Дыргъдартӕ тӕрсынц, ивгъуыд азтау та ныр дӕр сӕ тонгай тыллӕг калинаг куы фӕуа.

"Ӕз хъуамæ банхъарон амалиуӕггæнджытæн ме ʻххуыс. Цӕмӕй сӕ фæткъуыйы тыллæг ма фесæфа, уый тыххæй бацархайдзæн ӕмӕ сын баххуыс кӕндзынӕн паддзахадон арæны сæртыл уæз аласынæн документтæ фæхуымæтæггонд хуызы саразынӕн", — загъта Козаты Дмитрий.

Уымӕй дарддӕр ма ӕрæджы Козаты Дмитрий раразмæ кодта хъæппæрис Сервисон центр аразыны тыххæй, кӕцыйы нысан у фермертæн сæ продукци республикæйы æддейæ уæй кæнынӕн ахъаз кӕнын, бæстондæрæй та ӕмбӕлон документтæ аразын фæхуымæтæгдæр кæнын.

Лосось - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кӕсагджыны хъӕу, Гӕджиты Леонид, æргъай ӕмӕ еугӕф

Ацы ног структурæйы арæзт фæкъуылымпы ис, Хуссар Ирыстоны территорийыл африкӕйаг емынæйы фæзынды фæстæ Уæрæсемæ тобæгонд кæй у продукцийы баласт, уый аххосагæй. Тобæ нырма ивд не ʻрцыд, уымæ гæсгæ Сервисон центры куыст дӕр нӕ сӕндидзыдта.

"Хицауад агуры ацы фарст аскъуыддзаг кæнынӕн æндæр амæлттæ. Мах сараздзыстӕм рекомендацитæ Хъæууон хæдзарады министрадæн, цæмæй ссæрибар кæной амалиуӕггæнджыты сӕ товарæн сертификаттӕ райсыны хæрдзтæй", — банысан кодта хицауады сæрдары хæдивæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0