РХИ парламенты спикер: "Остелеком" хъæуы басгарын

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны бастдзинады иунæг операторы куыст парламенты спикер схуыдта ӕхсæнады "иууыл стырдæр тæппал".

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент банхъардзæн Генпрокуратурæ æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетæн мобилон бастдзинады оператор ӔАӔ "Остелеком"-ы куыст басгарын. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы Sputnik Хуссар Ирыстоны фехъусын кодта спикер Бибылты Анатолий.

Депутаттӕ æрдомдтой "Остелеком"-æй тарифтæ фæкъаддæр кæнын

Закондæттæг органы сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны бастдзинады иунæг операторы куыст схуыдта ӕхсæнады "иууыл стырдæр тæппал".

"Иууыл æнæмбаргæ дæр мын уый у æмæ абонентты бирæ нымæцмæ æнӕкæсгæйæ, "Остелеком"-ы къухдариуæгад кӕй дзуры, зианхӕссӕг кæй у. Мах сараздзыстæм æнхъарæн Генпрокуратурæ æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ, цæмæй басгарой компанийы куыст æмæ сбæлвырд кæной, цӕмӕн ис ахӕм хабар бастдзинады тарифтимæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Спикер ма банысан кодта, амæй размæ "Остелеком"-ы къухдариуæгад хуынд кӕй æрцыдысты парламенты сессимæ, цы ран компанийы хистæр баныфс ӕвӕрдта тарифтæ фæкъаддæр кæнын.

ӔАӔ "Остелеком" — Хуссар Ирыстоны фыццаг мобилон оператор. Компанийæн бындур æвæрд æрцыд 2004 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0