ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Днестргæрон молдаваг республикæйы (ДМР) парламенты спикер Вадим Красносельский рамбылдта президентон ӕвзӕрстыты, хъӕлӕсты 62% сисгӕйӕ, фехъусын кодтой РИА Новости бӕстӕйы ЦӔКы бюллетенты 100% банымайыны фӕстӕ.
Агентады ныхасӕмбалы информацимӕ гӕсгӕ, Красносельскийы сӕйраг оппонент, бӕстӕйы ныры президент Евгений Шевчук ӕрӕмбырд кодта ӕрмӕстдӕр хъӕлӕсты 28%.
Ӕвзæрстытӕ уагъд ӕрцыдысты ивгъуыд хуыцаубоны, хайад сӕ райстой æвзарджыты 60% —мæ æввахс. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы бынатыл тох кодтой ӕхсӕз кандидаты. Уыдон иууылдӕр сӕ программӕтӕ бындуриуӕг кодтой Днестргӕрон республикӕйы хӕдбардзинад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымад райсыныл, афтӕ ма Уӕрӕсеимӕ бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныныл.
Вадим Красносельский 2007-2012 ӕзты уыд мидхъуыддӕгты министр, уый фӕстӕ куыста хисӕрмагонд структурӕты. 2015 азы декабры Уӕлдӕр советмӕ ӕвзӕрстыты фӕстӕ уый ссис парламенты сӕрдар.