ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Советы ныфс бавӕрдтой Хуссар Ирыстонæн æххуысæй президентон æвзæрстытæ рæстæджы, сенатортæ зæрдæ дарынц, кæй сæ фæхондзысты цæстдарджыты хуызы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы æмгуыстады фæдыл къамисы рабадты рæстæджы Федсоветы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Тотоонты Александр, фыссы РИА Новости.
"Ӕрбалæугæ аз Хуссар Ирыстонæн хуымæтæг нæ уыдзæн — президентон æвзæрстыты аз ӕвæры уæлæмхас бæрндзинад. Уый уыдзæн радон фæлтæрæн æмбæстагон хиæмбарынадæн, уæ бæстæйы къухдариуæгадæн та радон басгæрст стабилондзинад æмæ равзаргæ фæндагæн. Ныфс нæ ис, кӕй нӕ фӕхондзыстут цæстдарджыты хуызы", — загъта рабадты рӕстӕджы Тотоонты Александр Бибылты Анатолийӕн.
Парламент амæй размæ сфидар кодта баххæстгæнинæгтæ президентон æвзæрстыты фæдыл законмæ, уыдон ацæудзысты 9 апрелы 2017азы.