Датӕ 9 апрель ӕмӕ президентон ӕвзӕрстыты ӕндӕр аспектты тыххӕй

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæВыборы президента Южной Осетии
Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кӕд президентон ӕвзӕрстыты датӕ официалонӕй нысан нӕма рцыд, уӕддӕр парламенты барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ зын банымайӕн нӕу, хъӕлӕсӕппӕрст уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн 2017 азы 9 апрелы.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ ацæудзысты 2017 азы апрелы мæйы. Парламент хъуамæ нырма сфидар кæна хъæлæсæппæрсты датæ, фæлæ ныридæгæн фидарæй зæгъæн ис, ӕвзӕрстытӕ кæй снысан кӕндзысты фарастæм апрельмӕ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент ранӕуӕг кодта президентон ӕвзӕрстыты закон

Парламенты сессийы рæстæджы депутаттӕ бахастой ивындзинæдтæ президентон æвзæрстыты фæдыл конституцион законмæ. Ивындзинæдтæ хауынц æвзæрстыты бон снысан кæнынмæ, уымæн æмæ ацы фарстмæ уыд æндæр æмæ æндæр цæстæнгастӕ.

Фæстаг президентон æвзæрстытæ ацыдысты 2012 азы. Уæд фыццаг туры, кæцы ацыд 25 марты, кандидаттæй иу дæр нæ райста хъæлæсты ӕнӕмӕнгхъæуæг проценты. Цæрджыты бахъуыд бацæуын æвзарæн фадгуытæм ногæй 8 апрелы.

Дыккаг туры фæуæлахиз ныры президент Тыбылты Леонид, уымæн схъæлæс кодта æвзарджыты 54% цъус фылдӕр.

Парламенты спикер банысан кодта, Конституцийы дырысӕй кӕй ис фыст, президент йӕ хӕстӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна растдӕр фондз азы, "никуы ис уый фыст, ацы ӕмгъуыдӕн кӕй ис фӕфылдӕр, науӕд та фӕкъаддӕр гӕнӕн".

"Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иуварс ӕрцӕуой алыгъуызон дыдзӕхсӕнтӕ, парламент банхъардта президентон ӕвзӕрстыты закон фӕдырысдӕр кӕнын ӕмӕ дзы банысан кӕнын растдӕр нормӕ. Уымӕй мах нӕхи бахиздзыстӕм фидӕны быцӕудзинӕдтӕй", — загъта Бибылты Анатолий.

Барастгӕнинӕгты сӕйраг хай ссис уый, ӕмӕ президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд кӕй ӕрцӕудзысты, фондз ацы размӕ ныры президент цы мӕйы ӕрцыдис ӕвзӕрст, уый дыккаг хуыцаубоны.

Ацы барастгӕнинӕгтыл ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты депутаттӕ иууылдӕр.

Президент РЮО Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид фехъусын кодта, кӕй цӕуы дыккаг президентон ӕмгъуыдмæ

Ныридӕгӕн ма закондӕттӕг органы хъӕуы райсын барамынд президентон ӕвзӕрстыты официалон датӕйы фӕдыл, Централон ӕвзарӕн къамисы та расидын ӕвзӕрстон кампанийы райдиан, кӕцы, уый хыгъд, хъуамӕ райдайа ногазон улӕфтыты хӕдфӕстӕ.

Уый фӕстӕ сӕхи равдисдзысты президенттӕм кандидаттӕ. Ныридӕгӕн уал йӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй фехъусын кодта ӕрмӕстдӕр бӕстӕйӕ архайгӕ сӕргълӕууӕг ӕмӕ ӕхсӕн-мӕхсӕнты республикӕйы экс-президент Кокойты Эдуард, кӕцы нырма хъуамӕ бафидар кӕна президенттӕм цӕуыны бар «ябиноныгдзинады ценз" хынцгӕйӕ.

Конституцимæ гæсгæ президентæй гæнæн ис æмæ æвзæрст æрцæуа Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, кæцыйыл 35 азæй цъусдæр нæ цæуы. Уымæй дарддæр ма уый хъуамæ зона паддзахадон æвзæгтæ æмæ фæстаг 10 азы дæргъы адзух цæра Хуссары Ирыстоны территорийыл.

Ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент сфидар кодта "биноныгдзинады цензы" хатдзӕгон вариант

Ацы аз Хуссар Ирыстоны парламент райста президентон ӕвзӕрстыты законмӕ барастгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕнынц президенттӕм кандидатты "биноныгдзинады ценз". Уыдонмæ гæсгæ æмбæстаг азы мидæг 93 бонæй фылдæр ма хъуамæ уа республикæйæн æдде æнæ айсинаг æфсонæй.

Айсинаг æфсæнттыл нымад сты командировкæ, ахуыр æмæ хоскæнынад. Æмбæлон бæрæггæххæттытæ та хъуамæ дæттой æрмæстдæр паддзахадон органтæ.

Президентон æвзæрстыты законы ма и сиу цымыдисон пункт. Уымæ гæсгæ президенты бынатмæ кандидатæн, йæ бинонтæн, минæвæрттæн, политикон партитæн æмæ æмбæстæгты къордтæн, кæцытæ йын раразмæ кодтой йæ кандидатурæ най гæнæн хæрзаудæн куыст кæнын æвзæрстон кампанийы рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0