ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг республикæйы хсӕн хӕларадон ахастытӕ баззайдзысты æмæ ноджы райтынг уыдзысты ДМР ног президенты равзӕрстимӕ, загъта Sputnik республикæйы ДМР официалон минæвæрады сӕргълӕууӕг Коцты Егор.
"Днестргæрон республикæ равзæрста ног сӕргълӕууӕджы. ЦӔК радта президенты бæлвырдгæнæн Вадим Красносельскийæн. Ӕвзæрстыты уыд бирæ æхсæнадæмон цæстдарджытæ, уыдон нымад æрцыдысты гом æмæ демократонтыл", — загъта Егор.
Минæварады сæрдар ма банысан кодта, бӕстӕйы æддагполитикон курс ног президенты равзæрстимӕ кæй нæ фæивдзæн.
"Днестргæрон Молдаваг республикæ æмæ Хуссар Ирыстонæн иумæйагæй бирæ ис, иугъуызон цæстæнгас нын ис æддагполитикон процестæм. Æнæмæнгæй адарддæр уыдзæн дыууæ бæстæйы хсӕн хæларад æмæ æмгуыстад райтынг кӕныны курс", — банысан кодта минæвар.
Коцты Егор ма зæрдыл æрлæууын кодта, ДМР æмæ РХИ хсæн дипломатон ахастытæ фидар кӕй æрцыдысты 1994 азы, 2016 азы та дыууæ бæстæйы премьер-министртæ Цхинвалы бафыстой ранæуæггонд бадзырд хæларад æмæ æмгуыстады фӕдыл.