ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы микрорайон "Шанхай"-ы цæрджытæ растадысты сæ хæдзæрттæм хæстæг туберкулезон рынчындоны арæзтады ныхмæ. Уыдон æмбырд кæнынц къухфыстытæ, кæцытæ хъавынц бавдисын Цхинвалы мэриямæ æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадмæ.
Диспансеры ныры бæстыхай æрцыд æдзæллаг уавæрмæ æмæ дзы нæй æмбæлон уавæртæ рынчынтæн хос кæнынæн. Медицинон уагдоны арæзтад хаст æрцыд 2017 азы соцэкономрайрæзты инвестицион нывæзтмæ. Ацы плӕнтты тыххӕй æнæразыдзинад равдыстой цæрджытӕ, кæцытæ нымайынц проект æнæниздзинадæн тæссагыл.
"Мах фехъуыстам, объект арæзт кæй ӕрцæудзæн нӕ хæдзæрттæм бынтон хæстæг. Алчидӕр æмбары, диспансер кӕй у ӕнӕмӕнгхъæуӕг, рæуджыты низы ныхмæ тох кæнын у æнæмæнгхъæуæг, рынчынтæн кæмдæр хъуамæ хос кæной. Фæлæ гæнæн нӕй рынчындонæн ахӕм бынат ссарын, кæцы дзуапп дæтта æппæт санитарон-эпидемиологон æмæ экологион стандарттæн?", — загъта Sputnik микрорайоны цæрæг Альбина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, рӕуджыты низы ныхмӕ диспансер кӕм фӕнд кӕнынц саразын, уыцы бынатмӕ бынтон хæстæг ис дыууæ сабидоны. Иу дзы ис микрорайон "Шанхай"-ы мидæг, аннæ та Гафезы уынгыл. Ацы уагдæтты кусджытæ æмæ сабиты ныййарджытæ дæр разы не ʻсты арӕзтадимӕ æмæ уыдон дæр фæнд кæнынц къухфыстытæ æрӕмбырд кæнын.
Арæзтады министрады, кæцы у Инвестицион нывæзты объектты заказгæнæг, загътой Sputnik, ахæм объект æцæгӕйдæр кæй ис нывæзты, фæлæ арæзтады бынат нырма бӕрӕг нæу.
"Рæуджыты низы ныхмæ диспансер нымад уыдзæн 25 рынчыныл. Йæ арæзтадӕн уæрæсейаг бюджетæй хицæн æрцæудзӕн 200 милуан сомы. Бынат, цы ран сараздзысты рынчындон, нырма æвзæрст нæу", — загътой уагдоны пресс-службæйы.
Цхинвалы администрацийы дӕр Sputnik загътой, горæты хицæуттæ нырма кӕй нæ радих кодтой зæххы фадыг диспансеры арæзтадæн.
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады офицалон сайтыл цы хъусинаг ис, уымæй куыд бæрæг у, афтӕмæй "проект аразыны, арæзтады æмæ эксплуатацийы фæдыл санитарон домæнтæ хынцгæйæ, бæстыхай арæзт æрцæудзæн горæты кæцыдæр кæрон".
Министрады банысан кодтой, хосгæнæн уагдон ифтонг кӕй уыдзæн нырыккон лаборатори æмæ рентгены кабинетæй, ныридӕгӕн проектон-сгарæн куыстытæ фæхӕццӕ кӕнынц кӕронмӕ.
Æппæтзонæг интернет куыд хъусын кæны, афтӕмӕй проектон-сгарæн куыстытæм, бирæнымæц сгарæн архайдæй дарддæр, хауы инженерон-сгарæн куыстытæ, кæцыты сæйраг мидис у иумæйагæй сисгæйæ арæзтады территори сахуыр кæнын.
Ӕмӕ кæд, бæрнон уагдæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтады бынат æвзæрст нæма у, уæд æвзæры фарст: проектон-сгарæн куыстытæ цы хуызы фæуд кæнынц æмæ сӕ цы территорийыл уадзынц?..