ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ уадзынц рейдтæ республикæйы базарадон объектты пиротехникæйы æнæзакононӕй уæй кæныны цаутæ рабӕрæг кæныны нысанæн.
Ӕнгæс мадзæлттæ барадхъахъхъæнæг органтæ уадзынц æрвылаз дӕр ногазон бӕрӕгбӕтты агъоммæ.
"Ногазон бæрæгбӕтты къӕсӕрыл мидхъуыддæгты министрады горæты хайад исы профилактикон мадзæлттæ æнæзаконон пиротехникон æрмæджытæ æрласын æмæ уæй кæнын ма руадзыны фӕдыл", — загътой МХМ пресс-службæйы.
Ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл инспекцийы хистæр Гатайты Лалийы ныхæстæм гæсгæ, фадыгон милиционертæ фæдзæхсынц амалиуæггæнджыты, пиротехникон æрмæджытӕ уæй кæнын тобæгонд кæй у æмæ сæ исынц къухфыстытæ, кӕй нӕ фехалдзысты законы ацы домӕн.
"Пиротехникон æрмæджытӕ æнæзаконон æгъдауæй чи уæй кæна, уыцы фæткхалджытæ хæсдзысты административон бæрндзинад, сæ продукци та ӕрцӕудзӕн ист", — загъта уый.
Уымæй дарддæр ма æнахъомты фæдыл инспекцийы кусджытæ уадзынц фембæлдтæ ахуырдзаутимæ, цыран сын ӕмбарын кӕнынц ӕдасдзинады фӕткойты хъахъхъӕнын цас ахсджиаг у, уый.
МХМ ма банысан кодта, республикæйы базарадон объектты рейдтæ кӕй адарддӕр уыдзысты суанг ног азы онг.