ӔЦСК тренер Зӕгъойты Аланы ацыд схуыдта дам-дум

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæИгрок ЦСКА Алан Дзагоев перед началом матча 6-го тура чемпионата России
Игрок ЦСКА Алан Дзагоев перед началом матча 6-го тура чемпионата России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддонты ног сӕйраг тренер нӕ бафидар кодта Зӕгъойты Аланы ахызт клуб "Эвертон"-мӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Мӕскуыйаг футболон клуб ӔЦСК ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Аланы ацыды фӕдыл информаци у дам-дум, фехъусын кодта Р-Спорт ӕфсӕддонты сӕйраг тренер Виктор Ганчаренко.

Игрок ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Аланы хонынц сæхимæ "Рома", "Челси" æмæ "Боруссия"

Раздӕр дзыллон информацион фӕрӕзтӕ фехъусын кодтой, Зӕгъойты Аланы сӕхимӕ кӕй хонынц "Эвертон", "Суонси" ӕмӕ "Саутгемптон", афтӕ ма футболист цымыдис кӕны Европӕйы цалдӕр раззагон клубы дӕр.

"Зӕгъойты Аланы ацыд у дам-дум. Уӕ бон у ӕмӕ сӕхгӕнат ацы фарст", — загъта Ганчаренко.

Къуырисӕры ӔЦСК фехъусын кодта Виктор Ганчаренкойы сӕйраг тренерӕй снысан кӕныны тыххӕй. Белорусаг специалист ацы бынаты раивта Леонид Слуцкийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0