Транскам сӕхгӕдтой 11:00 сахатӕй

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæНа заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги
На заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндаг куыддӕр биноныгӕй сыгъдӕг ӕрцӕуа, афтӕ йыл сног уыдзӕн автомобилон змӕлд. Кӕд боныгъӕд нӕ фӕива, уӕд трассӕ байгом уыдзӕн изӕрырдӕм.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Транскавказы магистралыл фæндагон змæлд ӕрӕхгӕдтой цыппӕрӕмы 11:00 сахатӕй, хъусын кӕны Уæрæсейы УУМ Цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.

Расчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам зæйтæй хъахъхъæндзысты 200 адæймаджы

Фӕндагон службӕтӕ хъавынц зæй ӕрцæуынӕй тас бынæттӕ фӕхсыны фӕдыл куыст кӕронмӕ бакӕнын. Ӕхгӕд у трассӕйы фадыг цӕрӕн пункт Буронӕй Цӕгаттаг порталы Ручъы тоннелы онг.

"Боныгъӕд фадат дӕтты зӕйцӕуӕн бынӕттӕ фехсынӕн. Иунӕг проблемӕ у ныллӕг температурӕ, уый тыххӕй гӕнӕн ис ӕмӕ мит иууылдӕр ма ӕркӕла", — загътой пресс-службӕйы.

Куыстытӕ уадзыны рӕстӕджы ӕдасдзинад хъахъхъӕндзысты Уӕрӕсейы УУМы Транскавказаг дӕлхайады ирвӕзынгӕнджытӕ.

"Автомагистралы тӕссаг фадыгыл змӕлд у тобӕгонд. Уымӕ гӕсгӕ сидӕм шофыртӕм, цӕмӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ ма цӕуой ацы трассӕйыл, цалынмӕ уавӕр ӕрнывыл уа, уӕдмӕ", — банысан кодта агентады ныхасӕмбал.

Фӕндаг куыддӕр биноныгӕй сыгъдӕг ӕрцӕуа, афтӕ йыл сног уыдзӕн автомобилон змӕлд. Кӕд боныгъӕд нӕ фӕива, уӕд трассӕ байгом уыдзӕн изӕрырдӕм.

УУМ ма куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй хӕххон бынӕтты ӕввахс дыууӕ боны тӕссаг у зӕйтӕ ӕрцӕуынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0