ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Фæскавказы æдасдзинады фӕдыл женевӕйаг дискусситы Гуырдзыстоны делегаци ногæй ныффæстиат кодта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хъусинаг райсыны хъуыддаг, хъусын кæны УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ).
Женевæйы 13-14 декабры ацыд дискусситы радон раунд. Боны фæткы сæйраг фарст уыд æппæт хайдаисджыты хъусинаг тыхæй ма спайда кæныны фæдыл.
"Хъыгагæн, документы статусон-нейтралон вариантыл, кæцы кæронбæттæны æрбавдыстой æмсæрдæрттæ, не ʻсразы ис Гуырдзыстоны фарс. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уавæр мониторинг кæнынæн Тбилис тыххæй ӕнхъардта "æдасдзинады æхсæнадæмон механизмты" формулировкæ. Баныхас кодтой, ацы фарстмæ кæй раздæхдзысты радон раунды", — дзырдæуы УФ ФХМ хъусинаджы.
Фембæлды хайадисджытæ уавæр Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны арæнтыл Гуырдзыстонимæ иумӕйагӕй сисгӕйӕ банымадтой стабилоныл.
Уыдон банысан кодтой, хицæн фæткхалды цаутæм æнæкæсгæйæ, иумæйагæй сисгæйæ æртæ бæстæйы арæнгæрон цæрджытӕ цæуынц сæрибарæй. Сæвзæргæ проблемӕтæ аскъуыддзаг кæнынæн æххуыс сты регулярон контакттæ.