Ӕдасдзинады службæ не 'руагъта Мæскуыйы терактты сери

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæСиловики обезвредили взрывное устройство в многоэтажке на юго-западе Москвы
Силовики обезвредили взрывное устройство в многоэтажке на юго-западе Москвы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Теракттæ цæттæ цыдысты къорд "Пысылмон паддзахады" Туркы цæрæг эмиссары хæслæвæрдмæ гæсгæ, фехъусын кодтой ӔФС.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Ӕдасдзинады федералон службæ рагацау аиуварс кодта Мæскуыйы цалдæр теракт саразыны фадæттæ, кæцытæ хъуамæ бацӕттӕ кодтаид къорд "Пысылмон паддзахады" (тобæгонд Уæрæсейы) Туркы цæрæг эмиссары хæслæвæрдмæ гæсгæ, фыссы РИА Новости сæрмагонд службæты хъусинаг.

Æрцархстуæвæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Исламаг паддзахады ӕрцархстуæвæг уæнгтæ цæттæ кодтой теракттæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы

Релизы дзырд цæуы, раиртæстуæвæг диверсион-террористон къорды сконды кӕй уыдысты Таджикистаны æмбæстæгтæ æмæ Молдавийы иу цæрæг.

Æдæппæтæй æрурæдтой цыппар адæймаджы. Басгæрстыты рæстæджы сæм ссардæуыд хиаразгæ хæлæн æрмæджытæ, автоматикон зынгæхсгæ мигæнæнтæ, афтæ ма "хæлæн æрмæджы зынгæ бæрц", кæцыйæ фæнд кодтой саразын тыхджын бомбæ.

ӔФС-йы банысан кодтой, боевиктæ кӕй цæттæ кодтой теракттæ комкоммæ ПП эмисары хæслæвæрдмæ гæсгæ, кæцы Таджикистаны хицауады фæндмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд æхсæнадæмон агуырдмæ æмæ ныридæгæн ис Туркы.

Ног хабӕртты лентӕ
0