Сывӕллӕттӕн фиддӕнтӕ Хуссар Иры ныййарджытӕ райсдзысты дыууӕ этапӕй

© Sputnik / Ада БагианСнегопад в Цхинвале
Снегопад в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фиддӕнтӕ фыццаджыдӕр бандавдзысты ахӕм ӕмбӕстӕгтыл, кӕцытӕ уыдысты хаст социфтонгады органты номхыгъдмӕ 30 ноябры онг ӕмӕ УФ нӕ исынц сывӕллӕтты пособитӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 16 азы онг кары сывӕллӕтты ныййарджытӕ райсдзысты 6 мин сомы бӕрц иурӕстӕгон фиддӕнтӕ алкӕцы сывӕллонӕн дӕр. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон райрӕзты министр Григорий Кулиджанов.

Фиддӕнтӕ фыццаджыдӕр бандавдзысты ахӕм ӕмбӕстӕгтыл, кӕцытӕ уыдысты хаст социфтонгады органты номхыгъдмӕ 2016 азы 30 ноябры онг. Иннӕтӕ иурӕстӕгон фиддӕнтӕ райсдзысты ӕрмӕстдӕр 2017 азы.

Отделение Сбербанка РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг пенсиисджытӕн иурӕстӕгон фыст бакӕндзысты фӕйнӕ 5 мин сомы

"Сабиты ныййарджытӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты хаст социфтонгады органты номхыгъдмӕ 2016 азы 30 ноябры онг ӕмӕ нӕ исынц сывӕллӕтты пособитӕ Цӕгат Ирыстоны, райсдзысты 6 мин сомы бӕрц иурӕстӕгон фиддӕнтӕ алкӕцы сывӕллонӕн дӕр. Уыдон фыст ӕрцӕудзысты дыууӕ этапӕй — се ‘рдӕг сын ныййарджытӕ райсдзысты ацы мӕйы кӕрон, аннӕ ‘рдӕг та 2017 азы марты онг", — загъта Кулиджанов.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фиддӕнты тыххӕй уӕрӕсейаг бюджетӕй хицӕн ӕрцыд 39 милуан соммӕ ӕввахс.

Фиддӕнтӕ райсыны тыххӕй документтӕ 30 ноябры онг цы ныййарджытӕ нӕ бацӕттӕ кодтой, уыдон та иурӕстӕгон фиддӕнтӕ райсдзысты 2017 азы республикӕйӕн йӕхи фӕрӕзтӕй.

Кулиджанов ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй сывӕллӕтты пособитӕ исыны тыххӕй документтӕ хъӕуы ранӕуӕг кӕнын алы азы райдианы дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0