Президент: æвзæрстытӕм дыккаг хатт ацӕуыны фӕнд у алыварсонæй барст

© AFP 2022 / MIKHAIL MORDASOVПрезидент республики Южная Осетия Леонид Тибилов
Президент республики Южная Осетия Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид радзырдта интервьюйы Sputnik, йе ‘взæрстыты агъоммæ нывæзт цæуыл æнцой кæндзæн, уыдæттыл.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2017 азы президентон æвзæрстыты хайад райсыны уынаффæ ист æрцыд алыварсонæй сбаргæйæ, загъта Sputnik йæ интервьюйы президент Тыбылты Леонид.

Ноябры Тыбылты Леонид фæсивæдимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта йæ фæнд президентон æвзæрстыты хайад райсыны фæдыл.

"Цалынмæ ацы хъусинаг сарæзтон, уæдмæ бирæ фæхъуыды кодтон, саргъ кодтон президентон æмгъуыды мæ куыстæн, æркастæн, цы бантыст ӕмӕ цы нӕ бантыст саразын. Мæнмæ ис бæстон æмбарынад, куыд хъæуы сæххæст кæнын, æз æмæ мæ командæ цы нысæнттæ сæвæрдтам нæ разы, уыдон. Уымæ гæсгæ, мæ хъусинагыл бирæ фæхъуыды кодтон æмæ бындуриуæг кодтон, президентон æмгъуыды цы фæлтæрддзинад райстон, уый мын кӕй феххуыс уыдзæн республикæйы раз лæууæг фарстытæ скъуыддзаг кӕнынӕн", — загъта президент.

Уый банысан кодта, йæ фидæны президентон нывæзт цæттæ кӕй цæуы æмæ дзы сæйраг хъусдард здæхт уыдзæн æхсæнадон-политикон стабилондзинад бахъахъхъæнынмæ. Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сабыр уавæрты кӕй хъуамæ бацæуой æвзæрстытæм æмæ схъæлæс кæной.

Президент РЮО Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид фехъусын кодта, кӕй цӕуы дыккаг президентон ӕмгъуыдмæ

"Ацы æзты мæ куысты сæйраг пункт уыд не ʻхсæнады æрбангом кæнын. 2011 азы кæрон æмæ 2012 азы райдайæны æрцæугæ цаутæ адæмы кæрæдзи ныхмæ скодтой, уымæ гæсгæ мæ сæйраг хæсыл нымадтон æмæ нымайын адæмы æнгомдзинад æмæ æхсæнады хицæн фæлтæрты иудзинад. Уый уыдзæн мæ фидæны æвзæрстыты агъоммæ нывæзты бындур", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, кæд ногæй æвзæрст æрцæуа президентæй, уæд фæнд кæны активонæйдæр æрхонын фæсивæды паддзахадон структурæтæм æмæ бæстæйы разамынадмæ.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, нырма хъæуы бирæ саразын паддзахады фидар кæнын æмæ йæ размæцыды хъуыддаджы, уымæн æмæ фæстаг æзты хъусдард здæхт уыд хæсты фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ æмӕ æндидзын кæнынмæ.

"Фæстаг фондз азы мах куыстам ныппырхуæвæг хæдзарад сæндидзын кæныныл. Сæйраг нын бантыст бацæттæ кæнын бындур размæцыды радон этапæн. Мах хъуамæ аиуварс кæнæм алы æмæ алыгъуызон арæнæвæрдтæ — арæзтад, фæндæгтæ, инфраструктурæйы проблемӕтæ, æнæ уыдонæй паддзахадæн уæвӕн нæй. Кæд радон æмгъуыдмæ мæн равзарой президентæй, уæд кусдзыстæм инвестортæ æрхоныныл æмæ сын кусынæн аккаг уавæртæ саразыныл, стæй ма ног куыстбынæттæ бакæныныл", — банысан кодта президент.

Уый нымайы, ацы фарст скъуыддзаг кæнынынæн кӕй ис нырма бирæ цæлхдуртæ, фæлæ радон къухдариугады хæс у адæмы куыстбынæттæй сифтонг кæнын, цæмæй сæ бинонты дарын сæ бон уа.

Уымæй дарддæр ма паддзахады сæргълæууæг бафтыдта йæ ныхæстæм, æппæт дæр кæй хъæуы саразын Ӕмцæдис æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд æппæт гуырахстæй сæххæст кæнын æмæ "Уæрæсеимæ интеграци ахæм æмвæзадмæ ӕркæнын, кæцы схонæн ис уникалон".

Ног хабӕртты лентӕ
0