ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ном Аланимӕ раивыны фарст хаст ӕрцӕудзӕн ӕппӕтадӕмон референдуммӕ, фехъусын кодта президент Тыбылты Леонид эксклюзивон интервьюйы информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон-ӕн.
Ивгъуыд азы декабры президент раразмӕ кодта хъӕппӕрис республикӕйы ном раивын ӕмӕ йын фӕстӕмӕ йӕ рагон историон ном раздахыны тыххӕй.
"Фӕнд кӕнӕм республикӕйы политсовет ӕрымбырд кӕнын, фӕхонын ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон партитӕ, кӕцытӕ не сты политсоветы сконды ӕмӕ ӕруынаффӕ кӕнын республикӕйы ном раивыныл. Политсоветы скъуыддзагӕй фарст хаст ӕрцӕудзӕн референдуммӕ. Республикӕйы ном раивын хауы Конституцимӕ ӕмӕ йын ӕнӕ референдумӕй аскъуыддзаг гӕнӕн нӕй", — банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.
Президент ма банысан кодта, политсоветы рабадт уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн январы, ӕмӕ уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, кӕд ӕмӕ цы хуызы ацӕудзӕн плебисцит.