Ӕфсæддон-гуырдзиаг фæндагыл ныттыгуыр 500 уæзласæн машинæйӕ фылдӕр

© Sputnik / Дзерасса БиазартиСкопление большегрузов на Военно-грузинской дороге
Скопление большегрузов на Военно-грузинской дороге - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уавӕрты министрад фæндагыл сæвæрдта фондз хъармгæнæн пункты.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Ӕфсæддон-гуырдзиаг фæндаджы цæгатирыстойнаг фадыгыл ӕрӕмбырд 500 стыр уæзласæн машинæйы, трассæ æвзæр боныгъæды аххосæй æххæст гуырахстæй кæй нæ кусы, уымæ гæсгæ, хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы минæвары ныхæстæ.

Расчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамыл байгом фæндагон змæлд

Ӕфсæддон-гуырдзиаг фæндагыл 30 ноябрӕй фæстæмӕ стыр уæзласæн машинæтæ хизынц фæстиæттимæ. Цалдæр хатт фæндаг бакодтой машинӕтӕ ауадзыны нысанæн, фæлæ та йӕ 13 декабрæй ӕрæхгӕдтой. Дыууæ боны фæстæ фæндагон змæлд байгом ис рог машинæтæн.

"Ныридæгæн фæндаджы æрбакондмæ æнхъæлмæ кæсынц 500 уæзласæн машинæйы. Уӕлвӕткон уавӕрты министрад фæндагыл сæвæрдта фондз хъармгæнæн пункты. Абон изæры 18.00 сахатмæ ма сæм бафтаудзысты ноджы æртæ", — загъты агентады ныхасæмбал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъармгæнæн пункттæ æрласдзысты Цæцæн, Мæхъæл æмæ Кæсæг-Балхъары республикæтæй. Ацы регионтæй æрласдзысты хæлцад дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0