Дзӕуджыхъӕуккаг филармонийы ӕрбайгом куыд нысаниуӕгджын цау

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЗдание государственной филармонии во Владикавказе
Здание государственной филармонии во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Официалон ӕрбайгомы агъоммӕ уыд театралон равдыст, сценӕйыл ралӕууыд Гергиты Валерийы къухдариуӕгадӕй Мариинаг театр, лент та алыг кодта Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Ольга Голодец.

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Цӕгат Ирыстоны столицӕ, Дзӕуджыхъӕуы официалон ӕгъдауӕй ӕрбайгом кодтой паддзахадон филармони. Бӕстыхайы реставрацийы хъуыды фӕзынд республикӕйы раздӕры сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланмӕ.

Реконструкция Североосетинской государственной филармонии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Филармонийы ӕрбайгом Дзӕуджыхъӕуы ахастой Гергиты Валерийы рынчыны тыххӕй

Филармонийы капиталон цалцӕг цыд афӕдзӕй фылдӕр фылдӕр. Уыцы рӕстӕджы аразджытӕ среконструкци кодтой алцыдӕр — фундаментӕй уӕлхӕдзары онг. Ныр кӕлӕддзаг тар бӕстыхайы бынаты фӕзынд рухс ӕмӕ музыкӕйӕ йемыдзаг диссаджы аив бӕстыхай неоготикон стилы.

Филармонийы ӕрбайгом уыд иууыл ӕнхъӕлмӕкӕсинагдӕр цау. Йӕ цалцӕгмӕ хъус дардта ӕппӕт республикӕ: профессионалон музыканттӕ, журналисттӕ, социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ. Филармонийы ӕрбайгоммӕ сӕрмагондӕй фӕуазӕг маэстро Гергиты Валерий йӕхӕдӕг дӕр. Сырх лент та алыг кодта Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Ольга Голодец.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиПаддзахадон филармонийы ӕрбайгом
Открытие госфилармонии во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон филармонийы ӕрбайгом

"Уый у ӕцӕг уникалон ногазон лӕвар Дзӕуджыхъӕуӕн, Цӕгат Ирыстонӕн, Уӕрӕсейӕн, ӕппӕт дунейӕн. Дзӕуджыхъӕу у ацы музыкалон бӕстыхайы аккаг. Ӕз зӕгъдзӕн цалдӕр номы нырыккон Уӕрӕсейы, кӕцытӕ сты ирд стъалытӕ нырыккон дунейон культурӕйы: Гергиты Валерий, Сохиты Тугъан, Уарзиты Махар. Бӕстӕ ӕмӕ дунейӕн ацы ӕппӕт курдиатджын адӕм цы республикӕ балӕвар кодта, уый хъуыамӕ нымад ӕрцӕуа дунейон культурон столицӕйыл",- загъта Ольга Голодец.

Филармонийы ӕрбайгомы церемонимӕ ӕрцыд хуссарирыстойнаг делегаци дӕр, Тыбылты Леониды къухдариуӕгадӕй. Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн арфӕйы ныхӕстӕ дзургӕйӕ, уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ рӕстӕджы Гергиты Валерийы концерт-реквием ныппырхгонд Цхинвалы кӕй ссис ирон адӕмы сӕндидзӕн ӕмӕ сӕрибардзинады символ.

"Мӕнӕн у тынг ӕхсызгон, кӕй дӕн ацы бӕрӕгбоны хайадисӕг. Ирыстоны цӕрджытӕн мӕ фӕнды раарфӕ кӕнын ацы диссаджы лӕвары фӕдыл ӕмӕ мӕ фӕнды банысан кӕнын, тагъд Цхинвалы кӕй ӕрбайгом кӕндзыстӕм паддзахадон драмон театры бӕстыхай. Мӕн фӕнды фӕхонын ам чи ӕрбамбырд, уыдоны алкӕйдӕр, цӕмӕй немӕ адих кӕной ацы циндзинад ӕмӕ ма зӕгъын бузныджы ныхӕстӕ Валерий Абысалы фыртӕн, Ирыстонӕн, ӕппӕт махӕн цы ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Махӕн нӕ зӕрдыл ирдӕй лӕууы йӕ концерт-реквием, цӕй фӕстӕ Хуссар Ирыстон йӕхи ӕцӕгдӕр фӕхатыд сӕрибар", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Цалцӕджы рӕстӕджы фыццаджыдæр бахъахъхъæнын хъуыд бæстыхайы акустикон системæ. Æмæ уыцы хæс аразджытæ сæххæст кодтой. Куыстытæ цыдысты афæдзæй фылдæр. Филармонийы фæзынд репетицион агъуыстытæ. Ныртæккæ концертон залы ис 370 бынаты. Фæуæрæхдæр сценæ дæр. Арæзт æрцыдысты уавæртæ, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ аразджытæ архитектортимæ бацархайдтой филармонийы бæстыхайы историон æддæг бакаст бахъахъхъæныныл дæр. Уæвгæ у рагон арæзтад. Цæуы йыл 150 азы. Æппæт куыстытæ дæр арæзт æрцыдысты меценатты æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0