Хуссар Ирыстоны ФХМ – УФ минӕвары лӕгмард у циникон ӕмӕ ӕнаккаг политикон акт

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæМосквичи несут цветы к зданию МИД РФ в связи с гибелью посла России в Турции А. Карлова
Москвичи несут цветы к зданию МИД РФ в связи с гибелью посла России в Турции А. Карлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ФХМ ратæфæрфæс кодта УФ минæвар Турчы Андрей Карловы лӕгмарды фӕстиуӕгӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад саргъ кодта уӕрӕсейаг минӕвар Анкарайы Андрей Карловы лӕгмардӕн куыд ӕнаккаг политикон акт, кӕцы у здӕхт политикон уавӕр фӕкарздӕр кӕнынмӕ.

Убийство российского посла в Турции Андрея Карлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ минæвар Анкарайы Андрей Карлов амард райсгæ цæфты фæстиуæгæн

Уӕрӕсейаг минӕвар Турчы Андрей Карловы хотыхджын адӕм амардтой Анкарайы къуырисӕры. Амæй размæ УФ ФХМ фехъусын кодта, минӕвар кӕй райста цӕфтӕ публикон мадзалы рӕстӕджы, цӕй фӕстиуӕгӕн амард. Уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдон ӕрцӕугӕ цауӕн аргъ кӕны, куыд теракт.

Хуссар Ирыстоны ФХМ ратӕфӕрфӕс кодта минӕвары амӕлӕты тыххӕй.

"Мах тӕфӕрфӕс кӕнӕм УФ минæвар Турчы Андрей Карловы лӕгмарды фӕстиуӕгӕн. Ацы ӕбуалгъ цауӕн аргъ кӕнӕм куыд циникон ӕмӕ ӕнаккаг политикон акт, кӕцы здӕхт у ӕнӕ уымӕй дӕр, вазыгджын регионалон уавӕр фӕкарздӕр кӕнынмӕ",- загътой уагдоны.

ФХМ-ы равдыстой ныфс, ацы ӕбуалгъ фыдракӕнды хайадисджытӕ иууылдӕр кӕй баййафдзысты карз ӕфхӕрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0