ПӔК сгары Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хуыснӕгдзинӕдтӕ

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæПродажа лекарств.
Продажа лекарств. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады уагъд кӕй цӕуы басгӕрст, ис ӕви нӕ хуыснӕгдзинӕдтӕ медикаменттӕ ӕлхӕныны хаххыл.

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Паддзахадон ӕдасдзинады комитет сгары документтӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады, уагдон ӕвзары хуыснӕгдзинӕдты ӕууӕлтӕ, фехъусын кодта журналисттӕн ПӔК-ы сӕргълӕууӕг Виктор Шаргаев.

РХИ гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æфсæддонтæн фæзынд УФ медицинон уагдæтты хос кæныны фадат

Ӕрӕджы социалон хызӕгты фӕзынд информаци, зӕгъгӕ ПӔК уадзы республикон Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады уагдоны документты басгӕрст, министрады чиновниктӕй кӕцыдӕртӕм зӕрдӕ кӕй ӕхсайы, афтӕ хуыйнӕг "альтернативон хицауадимӕ" ӕмӕ сӕрмагондӕй Санахъоты Дмитриимӕ бастдзинады фӕдыл. ПӔК-ы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, уагдоны ӕцӕгдӕр уагъд кӕй цӕуы басгӕрст.

"Мах сгарӕм документтӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады, фӕлӕ ацы мадзӕлттӕн ӕппындӕр ницы бастдзинад ис альтернативон хицауадимӕ. Уым ис хуыснӕгдзинӕдты ӕууӕлтӕ медикаменттӕ ӕлхӕныны хаххыл. Уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ, мах сӕ уадзӕм уголовон хъуыддӕгтӕ бакӕныны ӕмвӕзадыл ", — загъта Шаргаев.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ауадзын хъӕуы экспертизӕтӕ, науӕд нӕ уыдзӕн фадат хуыснӕгдзинады факты фӕдыл уголовон хъуыддӕгтӕ бакӕнын.

"Афтӕмӕй та ис фыдракӕнды миниуджытӕ",- бафтыдта ПӔК-ы минӕвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0