ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет сгары "Боярышник"-ы амалиуӕггӕнджыты Цӕгат Ирыстоны, Иркутскы массон фӕхъӕстӕйы фӕстӕ, фехъусын кодта дыццӕджы УФ СК минӕвар Светлана Петренко. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ма ахӕм мадзӕлттӕ уагъд ӕрцӕудзысты Санкт- Петербурджы дӕр, хъусын кӕны РИА Новости.
Мӕнг хос "Боярышник"-ӕй массон фӕхъӕстӕ ӕрцыд Иркутскы улӕфт бонты. Ацы спиртон продукцийӕ ныридӕгӕн амард 60 адӕймаджы. Ацы факты фӕдыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг.
Бӕлвырд ӕрцыд ацы спиртон продукцийы скълад.
"Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ Санкт — Петербург ӕмӕ РЦИ-Аланийы, донгъӕд "Боярышник"-ы этикеткӕйыл цы фирмӕтӕ нысан ис, уыдоны фӕдыл", — загъта Петренко.
Слестгӕнджыты зонӕнтӕм гӕсгӕ, 16-20 декабры Иркутскы барадхъахъхъӕнӕг органтӕм бацыд 95 хъусынгӕнинаджы, ӕмбӕстӕгтӕ метанолӕй кӕй фӕхъӕстӕ сты ӕмӕ кӕй ссардӕуыд фӕмардуӕвджыты буӕрттӕ. Ацы ӕмбӕстӕгтӕ иууылдӕр фӕхъӕстӕ сты "Боярышник" баназыны фӕстӕ, цӕй сконды ссардӕуыд метанол.