Скифаг сыгъзӕрин цы хъырымаг музейты уыд ӕвӕрд, уыдон бахъаст кӕндзысты тӕрхондоны уынаффӕйыл

© Sputnik / Н. Селюченко /  Ахизын медиабанкмæЗолотые пластины
Золотые пластины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куырдиатыл сӕ къухтӕ бафыстой цыппар музейы, кӕцыты уыдысты ӕфснайд 2 мин артефактмӕ ӕввахс, ӕмӕ кӕцытӕ 2014 азы февралы райдианы ӕрцыдысты ӕрвыст Аллард Пирсоны музеймӕ Амстердамы.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Цыппар хъырымаг музейы, цы ран уыд ӕфснайд скифаг сыгъзӕрин,ӕрсидтысты сӕ партнермӕ Нидерландты — Аллард Пирсоны музеймӕ — цӕмӕй сӕм ӕрбамбал уой голландаг тӕрхондоны скъуыддзагыл бахъаст кӕнынмӕ, фехъусын кодта ӕртыццӕджы РИА Новости.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонты нывтӕ срӕсугъд кӕндзысты театры къултӕ

Музейтӕ ралӕууыдысты коллективон хъастимӕ коллекцийы алыварс уавӕры фӕдыл. Скифаг сыгъзӕрины коллекци, 2 мин артефактмӕ ӕввахс, аласт ӕрцыд хъырымаг музейтӕй Амстердаммӕ, Аллард Пирсоны музейы равдыстмӕ 2014 азы февралы райдианы — цалынмӕ Хъырым Уӕрӕсейы скондмӕ нӕ бацыд, уый размӕ. Уый фӕстӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ украинаг фарсытӕн, кӕцытӕ коллекци нымайынц сӕ исадыл, нӕ бантыст аскъуыддзаг кӕнын, кӕмӕн хъӕуы раздахын артефакттӕ. Декабры ӕмбисы Амстердамы тӕрхондон аскъуыддзаг кодта хъырымаг коллекци Украинӕйӕн адӕттын. Аппеляци бадӕттыны фӕдыл скъуыддзаг хъуамӕ ист ӕрцӕуа ӕртӕ мӕйы мидӕг хъырымаг музейты минӕвӕртты ӕрдыгӕй.

Куырдиатыл сӕ къухтӕ бафыстой цыппар музейы. Уыдон нысан кӕнынц, голландаг тӕрхондоны скъуыддзаджы аххосӕй уыдон кӕй фӕхауӕккаг уыдзысты сӕхи сӕрмагонд коллекцийы хайӕ.

"Мах фӕфыдӕнхъӕл стӕм, хъуыддаг афтӕ кӕй райхӕлд, уымӕй. Быцӕуӕн хъуамӕ ма уа политикон бындур. Нӕ музейтӕ арвыстой Аллард Пирсоны музеймӕ (АПМ) сӕхи сӕрмагонд коллекциты тынг хъӕздыг экспонаттӕ, уыдон баууӕндыдысты АПМ-йыл, кӕцы сын радта фидар дзырд, равдыст сӕхгӕныны фӕстӕ кӕй раздахдзысты музейтӕн сӕ экспонаттӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Нысан цӕуы, музейтӕ кӕй сты нейтралон организацитӕ, кӕцытӕн нӕй политикон ӕндӕвдад ӕмӕ сын нӕй политикон хӕстӕ. Музейты минӕвӕрттӕ банысан кодтой, ницы хуызы кӕй нӕ хъӕуы иппӕрд кӕнын коллекциты сӕ истори, контекст ӕмӕ документацийӕ ӕрмӕстдӕр политикон аххосӕгтӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0