https://sputnik-ossetia.com/20161221/3483833.html
Ногазон армукъа Цхинвалы
Ногазон армукъа Цхинвалы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕрбайгом ногазон армукъа, нырма адӕм активонӕй не ′лхӕнынц хъазӕнтӕ, фӕлӕ бирӕнымӕц цатыртӕ хъазӕнтимӕ лӕвар кӕнынц бӕрӕгбонон равг. 21.12.2016 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2016-12-21T17:39+0300
2016-12-21T17:39+0300
2016-12-21T17:39+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/347/84/3478451_0:61:1200:739_1920x0_80_0_0_80df27b2cd7c7d31a267a290bf483eba.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2016
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/347/84/3478451_0:23:1200:777_1920x0_80_0_0_f316a77413e8d94e0ec9bd87e885e864.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
къамтӕ, мультимедиа
Ногазон армукъа Цхинвалы
Цхинвалы ӕрбайгом ногазон армукъа, нырма адӕм активонӕй не ′лхӕнынц хъазӕнтӕ, фӕлӕ бирӕнымӕц цатыртӕ хъазӕнтимӕ лӕвар кӕнынц бӕрӕгбонон равг.
орӕты чысыл базары раз ӕрбайгом наз бӕлӕсты базар. Хъулон-мулон цатыртӕ алыгъуызон цӕхӕркалгӕ хъазӕнтӕ ӕмӕ гирляндӕтимӕ сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой фӕндаггӕрон ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фӕлхасгӕнджытӕм. Ног азы къӕсӕрыл базарадон цатыртӕ йемыдзаг сты Ног азы символ — Уасӕджы алыгъуызон фигурӕтӕй.

Цхинвалы ӕрбайгом наз бӕлӕсты базар, уый та у ногазон хъомпалы ӕнӕофициалон райдиан

Сӕдӕгай алыхуызон тымбылӕгтӕ, гирляндӕтӕ ӕмӕ хъазӕнтӕ – ам ссарӕн ис алцӕмӕндӕр, ӕгӕрстӕмӕй авгӕй миты тъыфыл дӕр.

Алы цатыр дӕр у алӕмӕттаг чырыны хуызӕн, кӕцыйы баконд йӕхимӕ ′лвасы бӕрӕгбонон атмосферӕйӕ.

Ацы аз ногазон бӕлас сфӕлындынӕн иууыл арӕхдӕр фелхӕнынц сыгъзӕринхуыз ӕмӕ сырх хъазӕнтӕ.

Цӕмӕй хицӕн кӕны ногазон базар хуымӕтӕгӕй? Уымӕй ӕмӕ фӕткъуытӕ ӕмӕ кӕрдоты бӕсты, асыччыты уӕй кӕнынц алыгъуызон хъазӕнтӕ.

Фӕстаг рӕстӕджы цӕрджытӕ наз бӕлас сфӕлындынӕн арӕхдӕр райдыдтой ӕлхӕнын аразгӕ дидинджытӕ. Уыдон баххӕст кӕнынц ногазон бӕласы фӕлгонц.

Алы амалиуӕггӕнӕг дӕр йӕ цатыр сфӕлындыдта уӕлдай рӕсугъд.

Алы ногазон хъазӕны дӕр фӕнды бӕрӕгбонон бӕласы къалиуыл февзӕрын.

Иууыл тынгдӕр наз бӕлӕсты базарыл цин кӕнынц сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн бӕрӕгбонон хъомпал у ӕрмӕстдӕр цинхӕссӕг.

Бӕрӕгбонты агъоммӕ хистӕр кары адӕм сӕхи дарынц ӕнахъом сабитау.

Амалиуӕггӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фӕлхасгӕнджытӕм.

Ногазон армукъайы алы хъазӕн дӕр у уӕ хъусдарды аккаг, уымӕ гӕсгӕ хъарм дарӕс скӕнут, уымӕн ӕмӕ бахъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг хъазӕнтӕ рауын-бауынӕн.