ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Мигранттимӕ уавӕр ӕвзӕрӕй ӕвзӕрдӕр кӕны Европӕйы, уый равдыста ӕрфарст Sputnik. Цӕстӕнгас.
Sputnik. Цӕстӕнгасы ӕрфарсты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, европӕйаг бӕстӕтӕ — Итали (79%), Франц (67%) ӕмӕ Стыр Британийы (53%) — фылдӕр хай нымайынц, фӕстаг аз сӕ бӕстӕты кӕй февзӕрдӕр уавӕр мигранттимӕ. Германи ӕмӕ Испанийы ӕнӕразы адӕмы нымӕц у 45%, Польшӕйы уыдоны хай разынд минималон — 35%. Ӕрфарст ауагъта кампани Ifop информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik-ӕн
Хуссар Ирыстоны дӕр банысан гӕнӕн ис мигрантты нымӕцы фӕфылдӕримӕ, афтӕ ма се ′ндӕвдадимӕ республикӕйы уавӕрыл ӕнӕразыдзинадӕн.
Барадхъахъхъӕнӕг органты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2015 азы Хуссар Ирыстоны арӕныл рахазтысты 1350 мигранты, 2016 ацы та уыдоны нымӕц схызт 1632-мӕ 37 бӕстӕйӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай сты фӕллойадон мигранттӕ.
"Фӕллойадон миграцийӕн ис стыр ӕндӕвдад криминогенон уавӕрыл, уыдис ахӕм цаутӕ дӕр ӕмӕ фӕллойадон мигрантты ӕфсон республикӕмӕ куы ӕрбаирвӕзтысты террористон организацитимӕ баст гоймӕгтӕ", — загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы сӕргълӕууӕг Виктор Шаргаев.
Уымӕй дарддӕр ма, мигрантты бӕрзонд нымӕц ӕндавы ӕгуыстдзинады ӕмвӕзадыл дӕр. Уымӕн ӕмӕ мигранттӕн сӕ фылдӕр Хуссар Ирыстоны архайы арӕзтад ӕмӕ сӕндидзӕн процессы.
Ӕрфарст уагъд ӕрцыд проект Sputnik. Цӕстӕнгасы фӕлгӕтты.