Хуссар Иры хъынцъым кӕнынц Сочийы авиакатастрофӕйы амӕттӕгтыл

© Sputnik / Алексей КовалевЦветы у посольства России в Южной Осетии
Цветы у посольства России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕдтӕхӕг ТУ-154 ӕрхауыны фӕдыл хъынцъым ӕмӕ солидарондзинады нысанӕн Хуссар Ирыстоны ӕруагътой паддзахадон тырысатӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕппӕт организацитӕ ӕмӕ уагдӕтты ӕруагътой паддзахадон тырысатӕ Сочийы авиакатастрофӕйы фӕдыл хъынцъым ӕмӕ солидарондзинады нысанӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид загъта тӕфӕрфӕс Владимир Путинӕн трагедийы фӕдыл

Цӕрджытӕ хӕссынц дидинджытӕ Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхаймӕ Цхинвалы, цӕмӕй ссарой катастрофӕйы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.

Къуырисӕры минӕварады бакодтой тӕфӕрфсты чиныг, цыран боны дӕргъы республикӕйы цӕрджытӕн фадат уыдзӕн зӕрдӕвӕрӕн ныхӕстӕ ныффыссынӕн.

Сочийы цур хӕдтӕхӕг ТУ-154 ӕрхауыны фӕдыл Уӕрӕсейы 26 декабрь расидт ӕрцыд ӕппӕтнационалон фыдохы бонӕй.

Уӕлдӕфон науы бортыл уыдысты 84 пассажир ӕмӕ экипажы аст уӕнджы — ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, Александровы номыл кафт ӕмӕ зарды ансамблы артисттӕ, уӕрӕсейаг дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0