Ирвӕзынгӕнӕджы бон: УУМ-ы истори

© Sputnik / Максим Григорьев /  Ахизын медиабанкмæМЧС России участвует в поисково-спасательных работах в Непале
МЧС России участвует в поисково-спасательных работах в Непале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирвӕзынгӕнӕджы бон Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц 27 декабры.

Ирвӕзынгӕнджыты профессионалон бӕрӕгбон — Ирвӕзынгӕнӕджы бон — Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц 27 декабры.

УУМ сырӕзты истори

Уӕрӕсейы ирвӕзынгӕнӕджы бон фидар ӕрцыд УФ президенты барамындӕй 1995 азы 26 декабры. Уымӕй фондз азы размӕ, уыцы бон райст ӕрцыд УСФСР Министрты Советы уынаффӕ "УСФСР Паддзахадон комитеты бартыл Уӕрӕсейаг ирвӕзынгӕнджыты корпус саразыны тыххӕй".

Уӕрӕсейы ирвӕзынгӕнӕн службӕйы фыццаг сӕргълӕууӕг ссис Сергей Шойгу — 1991 азы апрелы уый нысангонд ӕрцыд Ирвӕзынгӕнджыты уӕрӕсейаг корпусы разамонӕгӕй.

Ирвӕзынгӕнӕн службӕты сырӕзт

Йӕ фӕстӕ мӕй та арӕзт ӕрцыд УУМ бындурон ӕфсӕддон дӕлхайадтӕй иу — арвӕзынгӕнӕн операцитӕ уадзыны центр — "Лидер". Йӕ хӕслӕвӕрд у аварион — ирвзынгӕнӕн ӕмӕ ӕндӕр операцитӕ уадзын, уӕлвӕткон уавӕртыл оперативонӕй дзуапп кӕнын.

УУМ абон

Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ныртӕккӕ — ӕфсӕддон ӕмӕ ӕхсӕнадон ирвӕзынгӕнджытӕ, агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн отрядтӕ, медицинӕ ӕмӕ авиация, роботтӕ, уӕлвӕткон уавӕрты рагхыгъд ӕмӕ мониторинг.

Хуссар Ирыстоны ирвӕзынгӕнджытӕ

Хуссар Ирыстоны дӕр ирвӕзынгӕнӕджы бон нысан кӕнынц 27 декабры. Республикӕйы УУМ арӕзт ӕрцыд 2008 азы Уӕрӕсейы федерацийы УУМ-ы ӕххуысӕй.

Построение сотрудников МЧС РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ нысан кӕны йӕ сырӕзтыл 8 азы сӕххӕст

РХИ-ы кусынц ӕхсӕз сыгъдхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайы. Уагдоны кусынц ӕртӕ сӕдӕ ӕдӕймагӕй фылдӕр — сыгъдхуыссынгӕнджытӕ, ирвӕзынгӕнджытӕ, сапертӕ, дæлдондзогтӕ.

РХИ УУМ-ы агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорд арӕзт ӕрцыд иннӕ дӕлхайадтӕй фӕстӕдӕр — 2011 азы. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы мидӕг службӕгӕнджытӕ арвыстой бирӕ сахаттӕ хӕслӕвӕрдтыл, адӕмы агурын ӕмӕ ирвӕзын кӕнын фӕдыл операциты.

Хуссар Ирыстоны ирвӕзынгӕнджыты ифтонггарз ӕрвылаздӕр уӕрӕхӕй уӕрӕхдӕр кӕны нырыккон техникӕйӕ.

УУМ-ы ирвӕзынгӕнджытӕ рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ рацӕуынц аттестаци Уӕрӕсейы УУМ-ы центрты.

Агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды структурӕйы архайы кинологон службӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0