Гуырдзыстоны арӕныл чи хизы, уыцы ӕмбӕстӕгтӕн ивынц сӕ пропусктӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевПограничники на югоосетино-грузинской границе.
Пограничники на югоосетино-грузинской границе. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕрӕдтӕ лӕвӕрд цыдысты 2014 азы, уыдон хъуыд ӕнӕмӕнгӕй раивын.

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг арӕныл фӕхуымӕтӕггонд режимыл цы ӕмбӕстӕгтӕ хизынц, уыдон сӕ пропусктӕ хъуамӕ раивой азы кӕронмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитет.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет хъусын кӕны, 2017 азӕй 1 январӕй РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕныл уадзӕн пункттыл ахизӕн кӕй уыдзӕн ӕрмӕстдӕр ног хуызӕг пропусктӕм гӕсгӕ", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Арæнгæрон царды хицæндзинæдтæ - Синагур æмæ Теделет

ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы загътой, пропусктӕ ивд кӕй цӕуынц 2016 азы августӕй фӕстӕмӕ.

Архайгӕ пропусктӕ лӕвӕрд цыдысты 2014 азы иу азы ӕмгъуыдмӕ. Дзырд цыд, арӕныл рахызт ифтонг кӕй цӕудзӕн нормативон-барадон актмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ законыпроект ныры онг ист нӕма ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ фӕзынд пропусктӕ раивыны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад.

Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн архайы æртæ фæхуымæтæггонд уадзæн пункты, цæй уылты дыууæрдæм уадзынц цæрджыты. Уыдон сты "Раздахӕн" (Ленингоры район), Синагуры (Дзауы район) æмæ Переуы (Дзауы район).

Ног хабӕртты лентӕ
0