ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Арæнгæрон хъæу Теделеты цæрæг нæлгоймæгтæ рейсон автобус Теделет-Цхинвалы шофырмæ фыццаг цы фарст раттынц, уый у — тамако дæм нæй? Хъæуы нæй дукани. Æввахс хӕлцадон дукани ис фондз километры дæрддзæф. Ацы сабыр бынат цæры 12 бинонтæ.
Хъæу дыууæ хайыл дих кæны арф уæрм, кæцыйы сæртыл ахизæн ис æрмæстдæр нарæг хъæдыл. Дуканийæ дарддæр ма хъæуы нæй сабидон, хъазæн фæзуæттæ, æввахс скъола ис Синагуры — цыппар километры дæрддзæф. Скъолайон УАЗик арæх фехæлы æвзæр фæндаджы хъизæмæртты аххосæй, æмæ уæд сывæллæттæ уыцы дард фӕндаг фæцæуынц фистæгæй.
Хуссар Ирыстоны раздӕры премьер-министр Хуыгаты Ростик йæ бынатæй куы ацыд, уый фæстæ хъæуы сарæзта клуб. Нæргæ дискотекæтæ дзы нæ вæййы. Ис дзы кæсæн зал æмæ кинотæм кæсæн зал. Æцæг сын сӕ спутникон антеннæ адавтой ӕмӕ сын ныр нал ис кинотæм кæсыны фадат дæр. Нæ дзы ахсы бынæттон телеканалы сигнал дæр. Библиотекæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг хатт ардыгæй чиныг ахастой 2010 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы, элементарон цардуагон хъуагдзинæдты цур библиотекæйы кæсджыты хъуагдзинад ахсджиаг нæу.
"Графикмæ гæсгæ, Цхинвалæй рейсон автобус хъуамæ цыдаид къуыри дыууæ хатт. Уый фæстæ шофыримæ бадзырдмæ гæсгæ райдыдта цæуын къуыри иу хатт. Кæддæрты бынтондæр не ‘рбацæуы, зæгъгæ, дыууæ пассажиры тыххæй автобус нæ ратæр-батæр кæндзынæн. Уый тыххæй хъуамæ æрæмбырд уæм иу-дæс адæймагæй", — дзуры бынæттон цæрæг Эвелинæ.
Уый кусы санитаркæйæ бынæттон амбулаторийы. Фарон октябрæй фӕстӕмӕ амбулаторийы нæй дон.
"Ардæм дон цæуы стыр мигæнæнæй, кæцы æвæрд у кæмдæр къуылдымыл. Доны щланг аскъуыд æви æндæр исты, фæлæ уæдæй фæстæмæ дон нæй. Дон хæссын канистрӕты æввахс суадонæй — километр дæрддзæфӕй æмæ афтæмæй æхсын пъолтæ", — дзуры сылгоймаг.
Хатæнты тынг сыгъдæг кæй у, уый у ууыл дзурæг, æмæ Эвелинæ суадонмæ арæх кæй цæуы.
Амбулаторийы бахъуыды рæстæджы медицинон хо бакæны фыццаг æххуыс пациентæн, уый фæстæ та йæ акæнынц Синагуры рынчындонмæ.
"Махмӕ ис æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ. Мæй ныр иу хатт хостæ æрæрвитынц Цхинвалæй. Цæрджытæ фылдæр хъаст кæнынц туджы бæрзонд ӕлхъывдад æмæ зæрдæйы низтæй. Æвгъæдджын сылгоймæгтæ раздæр ныцæуынц республикон гуырæн хæдзармæ", — дзуры сылгоймаг.
Сæумæрайсом уый, хъæуы иннæ сылгоймæгтау, скæны арт, сфыцы дзул æмæ базилы фосмæ. Бынæттон цæджытæ фæйнæ фондз хъугæй къаддæр нæ дарынц. Æртæ мины бæрц куыстмыздæй дарддæр ма, Эвелинæ ахсы стыр партитæ цыхт æмæ сæ алы дыццæг иннæ сылгоймæгтимæ æрласы уæймæ Цхинвалмæ.
"Вокзалы ныл уайтагъ æрхъула кæнынц цыхт æлхæнджытæ. Мах сын цыхты иу килограмм радтæм 250 сомæй ӕмӕ йӕ æвиппайды аскъæфынц", — дзуры уый.
Эвелинæ зоны, Цхинвалы хуыцаубоны базары, кæдæм æрæмбырд вæййынц æгас районты фермертæ, цыхт у бæрæг зынаргъдæр, фæлæ автобус Синагурæй горæтмæ хуыцаубоны нæ цæуы.
Цалынмæ сылгоймæгтæ цыхт ахсынц, уæдмæ нæлгоймæгтæ та зымæгмæ цæттæ кæнынц суг æмæ фосы холлаг. Фæззæджы æмбырд кæнынц сабæлут. Бынæттон хъæдты уый арæх у, уымæ гæсгæ йæ тыллæгæй дæр хъæуы цæрджытæ райсынц уæлæмхас æхца.
Гуырдзиаг арæнмæ æввахс кæй у, уый тыххæй хъæуы ис æмхæццæ ирон-гуырдзиаг цæрджытæ. Бинонтæ дæр сты афтæ. Нæлгоймаг- гуырдзиаг, ус — ирон, кæнæ та иннæрдæм. Уымæ гæсгæ æмкъайады бастдзинады æхсæн националон конфликт ныннымæг вæййы. Уыимæ иумæ ма ацы фактæй пайда кæнынц, цæмæй сæм уа æртæ паспорты æмрæстæджы — уæрæсейаг, хуссарирыстойнаг æмæ гуырдзиаг. Фыццагæй фæцæуынц Уæрæсемæ, дыккагæй исынц бынæттон пенси æмæ æмбæлон социалон лæггæдты пакет. Æртыккаг та сын фадат дæтты сæрмагонд арæнгæрон пропускæй Гуырдзыстонмæ цæуын.
Пенсиисæг Бæззаты Риммæ дзуры, зæгъгæ, Цхинвалмæ æвзæр фæндаг кæй ис æмæ дзы æхсæнадон транспорт арæх кæй нæу, уый тыххæй йын æнцондæр у хæлцады тыххæй Сачхеремæ (Гуырдзыстон) цæуын.
"Райсом раджы ахизæм сыхаг хъæу Синагуры кæрон фæрогдæргонд уадзæн пункты уылты. Арæны тæккæ фæстæ ис гуырдзиаг хъæу Переу. Уырдыгæй автобусыл цыццæуæм Сачхеремæ æмæ балхæнæм хæлцад, халсар æмæ ‘нæмæнгхъæуæг цардуагон предметтæ. Синагуры ис æрмæстдæр дыууæ дуканийы. Уыдон дæр хъæуы мидæг не сты, фæлæ кæронæй æмæ дзы æргътæ, Цхинвалы æргътимæ абаргæйæ, сты æртæ хатты бæрзонддæр", — æмбарын кæны пенсиисæг.
Гуырдзыстонмæ æрмæст хæлцады фæдыл нæ цæуынц, фæлæ ма ахуырад исынмæ дæр. Кæд æмæ Синагуры скъолайы уырыссаг хайадæй дарддæр ис гуырдзиаг дæр, уæддæр æрвылрайсом арæныл гуырдзиаг хъæу Переумæ ацæуы скъоладзауты къорд. Уым ахуыр цæуы æрмæстдæр гуырдзиаг æвзагыл. Ацы фадат ис æрмæстдæр арæнгæрон хъæуты цæрджытæн. Цалынмæ Синагурæй Переумæ скъоладзаутæ цæуынц уроктæм, уæдмæ Переуæй та Синагуры скъоламæ сæ куыстмæ рараст вæййынц ахуыргæнджытæ. Æдæппæт бынæттон скъолайы ис 16 ахуыргæнинаджы. Ам ахуыр кæнынц сывæллæттæ Теделет, Синагур æмæ Джалабетæй. Иу скъолайы иумæ ахуыр кæнынц гуырдзиæгтæ, ирæттæ æмæ уырыссæгтæ (уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты сывæллæттæ). Скъолайы мидæг нæй бынат националон æмæ политикон хъаугъайæн.
Скъолайы директор Бестауты Аркадий сæрыстыр у уымæй, æмæ кæд скъола ис дæрддзæф бынаты, уæддæр бирæтæн у дæнцæг. Хæхты æхсæн æвæрд скъолайы кæрты сывæллæттæ хъазынц портийæ. Чызджытæ цыма советон газетты къамтæй сты — цъæх скъолайон формæты урс раздарæнтимæ æмæ стыр банттимæ. Асинтыл хуыссы стыр хъулон куыдз.
Скъолайы ис æрмæстдæр коридор, дыууæ къласон хатæны æмæ ахуыргæнджыты хатæн.
"Не скъола у биноныг, хъахъхъæнæм дзы фæтк. Цы националон къуым нæм ис, уый у ууыл дзурæг. æмæ нын нæ бæстæ кæй у иууыл сæйрагдæр. Систыл ис Советон Цæдисы хъайтарты хуызисттæ. Уазджытæ æмæ официалон адæмæн æхсызгон вæййы нæ сывæллæтты сфæлдыстадон цæттæдзинад æмæ хæларадон уавæр", — дзуры директор.
Фарон Теделет æмæ Синагуры хъæуты сарæзтой ног хæдзæрттæ. Цæрджыты цы категоритæн æмæ цы программæмæ гӕсгӕ лæвæрд цæудзысты ацы хæдзæрттæ, хъавынц ма ӕви нӕ дарддæрдæр хæдзæрттæ аразын — ацы фарстытæн дзуапп райсынмæ Sputnik уацхæссджытæ бацыдысты хъæусоветмæ. Æрмæст йæ дуæрттæ разындысты æхгæд.