Гасситы Мурӕты тренер Усикимӕ тохы ныххӕй: мах цӕттӕ стӕм

© FacebookВиталий Сланов
Виталий Сланов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Украинӕйаг Александр Усик фехъусын кодта, йӕ радон тох кӕй хъуамӕ ауадза 18 марты ӕмӕ йӕ фӕнды фембӕлын рингы Гасситы Мурӕтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Гасситы Мурӕты командӕ цӕттӕ у украинӕйаг боксер Александр Усикимӕ тохмӕ, кӕцы фехъусын кодта йӕ фӕнд IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион боксӕй Гасситы Мурӕты титул рамбулын.

Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Украинӕйаг боксер Усик нӕ ацух кодта, 18 марты кӕй стох кӕндзӕн Гасситы Мурӕтимӕ

Гасситы Мурӕт Мӕскуыйы 3 декабры тӕрхонгӕнджыты скъуыддзагмӕ гӕсгӕ рамбылдта Денис Лебедевы IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы номыл тохы.

Украинӕйаг Александр Усик фехъусын кодта, йӕ радон тох кӕй хъуамӕ ауадза 18 марты ӕмӕ йӕ фӕнды фембӕлын рингы Гасситы Мурӕтимӕ.

"Кӕд исты, уӕд мах цӕттӕ стӕм", — загъта Сланты Виталий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд ахӕм ӕнхъарӕн ӕрбацӕуа Усикы командӕйӕ, уӕд уыдон сразы уыдзысты тохыл.

Александр Усик у дунейы чемпион фыццаг уӕззау уӕзы Дунейон боксерон организаци (WBO) версимӕ гӕсгӕ. 29-аздзыд украинӕйаг спортсмены хыгъдыл ис 11 уӕлахизы 11 ныхмӕлӕуды профессионалон рингыл (уыдонӕй 10 нокаутӕй).

Ног хабӕртты лентӕ
0