ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы управлени радта ӕхсӕнадӕмон агуырдмӕ республикӕйы 15 цӕрӕджы Уӕрӕсейы территорийыл тобӕгонд террористон организацитимӕ бастдзинады тыххӕй, хъусын кӕны ӔФС-йы регионалон управленийы пресс-службӕ.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 21-36 азы кары республикӕйы 15 цӕрӕджы барвӕндӕй бацыдысты ӕнӕзаконон гарзджын дӕлхайӕдты рӕнхъытӕм, кӕцыты фарс исынц активон хайад ӕфсӕддон архӕйдтыты, уый нымӕцы Сирийы территорийыл.
Агуырдмӕ лӕвӕрд адӕмы ӕхсӕн ис ӕвзонг сылгоймаг дӕр. Уыдонӕй дыууӕйӕ регистраци сты Дзӕуджыхъӕуы, аннӕтӕ та республикӕйы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн пунктты.