ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Цхинвалы Сывæллæтты нывгæнæн скъолайы ахуырдзауты куыстыты равдыст "Аивады алӕмӕттаг дуне" байгом киноконцертон зал "Чермен"-ы. Ахуырдзаутӕ сӕ куыстытӕй равдыстмӕ рахастой аккагдæрты, æдæппæтæй 70 нывы онг.
Экспозицийы фенæн ис æрдзы нывтӕ, зымæгон пейзажтæ, ногазон темæйыл фыст æмæ æндæр куыстытæ, кæцыты ирдæй бæрæг у сабиты æрмдзæф.
Сывæллæттæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн ногазон арфæ ракодта хицауады сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик ӕмӕ банысан кодта, сæ кармæ æнæкæсгæйæ сабитæн кæй ис гъæдджын куыстытæ.
"Мæ зæрдæ райы сæ ахорæнтæй, алыгъуызонад æмæ сабиты фантазийæ. Ис дзы куыстытæ графикӕйы, хуызфыссынады, афтӕ гуашæй фыст нывтæ. Бузныг зæгъын, ацы курдиатджын фæлтæр чи хъомыл кæны, уыцы ахуыргæджытæн", — загъта Пухаты Эрик.
Сабиты равдысты архайæг ахуырдзаутæ хорзæхджын æрцыдысты культурæйы министрады кады грамотӕтæй, бакодтой ма сын зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ дӕр — нывгæнæн мигæнæнты æмбырдтæй.
"Сывæллæтты нывгæнæн скъола схъомыл кодта бирæ курдиатджын нывгæнджыты. Иу æмæ дыууæ хатт нæ райсæм бузныджы фыстæджытæ, скъолайы хъомылгæнингæтӕ цы мадзæлтты архайынц, уырдыгæй", — банысан кодта культурæйы министр Остъаты Мӕдинӕ.
Культæрæйы министрады кады грамотӕтæй ма хорзæхджын æрцыдысты ахуырадон уагдоны директор Ӕлборты Ӕхсæртæг æмæ ахуыргæнджытæ Сабанты Анжела æмæ Пухаты Инал.
Нывгӕнӕн скъолайы коллектив та йæхирдыгæй сабиты куыстыты иу къорд балæвар кодта æрæзтцæуæг сывæллæтты рынчындонæн.