ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады концепцийы тыххӕй фондз азы ӕмгъуыдмӕ (2017-2021) журналисттӕн дыццӕджы радзырдтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Григорий Кулиджанов ӕмӕ президенты уынаффӕгӕнӕг Сиукъаты Радион.
Амӕй размӕ Тыбылты Леонид цы концепци сфидар кодта, уый реализаци цӕудзӕн РХИ бюджетӕй ӕмбӕлон финансон азӕн.
Сиукъаты Радионы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕххӕстӕй разы нӕу, цы фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕм тыхтӕ ис, уыдон куыд спайдагонд цӕуынц, уыимӕ, афтӕ ма медиционон ӕххуыс бакӕныны рӕувадат, уымӕ гӕсгӕ бакуыст ӕрцыд концепцийыл.
"Тыбылты Леонид радта хӕслӕвӕрд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады райрӕзты стратегийыл бакусын ӕмӕ бынтондӕр ӕндӕр ӕмвӕзадмӕ рахизын, уый та реализаци цӕудзӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады райрӕзты концепцийы фӕрцы", — загъта Сиукъаты Родион.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады райрӕзт, фыццаджыдӕр, здӕхт у цӕрджыты ӕнӕниздзинады уавӕр, афтӕ ма медицинон ӕххуысы гъӕд ӕмӕ рӕувадат фӕхуыздӕр кӕнын ӕмбӕстӕгты бартӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Концепцийы приоритетон хӕслӕвӕрдты ӕхсӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад рахицӕн кодта фыццаградон медико-санитарон ӕххуысы системӕ фӕфидардӕр кӕнын, кӕцыйы, уынаффӕгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис хъӕндзинӕдтӕ.
"Ӕрхонгӕ уӕрӕсейаг специалистты фӕрцы мах нывӕндӕм тагъд медицинон ӕххуыс фӕхуыздӕр кӕнын. Ныридӕгӕн республикӕйы ис специалист, кӕцы хуымӕтӕг куыст нӕ кӕны Хуссар Иры территорийыл, фӕлӕ дих кӕны йӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ ахуыр кӕны медперсоналы. Фидӕны мах нывӕндӕм ӕрхонын 18 бӕрзондпрофессионалон медикты, кӕцытӕ кусдзысты медперсоналимӕ", — банысан кодта Сиукъаты Радион.
Уымӕй дарддӕр ма, Сиукъаты Радионы ныхӕстӕм гӕсгӕ, приоритетон хӕслӕвӕрдтӕй иу у медицинон кадртӕн квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ уадзын, афтӕ ма нырыккон хосгӕнӕн-диагностикон ифттонгарз ӕмӕ техникӕйӕ сифтонг кӕнын медицинон организациты, цӕмӕй фӕкъаддӕр уа ӕндӕр бӕстӕтӕм цӕуӕг пациентты нымӕц.
Ӕнӕниз цардуагы пропагандӕ ӕмӕ рӕстӕгыл диспансеризацимӕ ӕрсидты ӕмрӕнхъ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Григорий Кулиджанов радзырдта журналисттӕн Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхсты полис райсыны фӕткы тыххӕй.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног азы медицинон полис райсыны фадат ис Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ иудадзыгӕй цӕрынц Хуссар Иры территорийыл ӕмӕ сын ис мидӕггагон ӕмӕ уӕрӕсейаг хуызӕджы фӕсарӕйнаг паспорттӕ. Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕн фӕроггонд режимы уыдзӕн фадат райсын УФ-йы ӕмбӕстагад, цӕй фӕстӕ уыдон суыдзысты ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхсты полисты хицӕуттӕ.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хӕслӕвӕрдты реализаци сифтонг кӕндзӕн Хуссар Ир цӕрджытӕн гъӕдджын медицинон лӕггӕдтӕй ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады инновацион райрӕзт.