Коцты Марина: тубдиспансеры арӕзтад Цхинвалгæрон ницы тӕссаг у

© Sputnik / Алексей КовалевГлавный санитарный врач Южной Осетии Марина Кочиева
Главный санитарный врач Южной Осетии Марина Кочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тубдиспансеры арæзтад Цхинвалы кæрон нæ халы санитарон нормæтæ, зæгъы Хуссар Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыр.

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуссар кæрон рæуджыты низы ныхмæ диспансеры арæзтады рæстæджы бахынцдзысты æппæт санитарон-эпидемиологон домæнтæ, загъта Sputnik "Югосетпотребнадзоры" сæрдар Коцты Марина.

Хуссар Иры столицæйы микрорайонтӕй иуы цæрджытæ бахатыдысты Sputnikмæ, цæмæй сын сæ проблемӕмæ аздахой хъусдард. Уыдон сфæнд кодтой сæ хæдзæрттæм хæстæг диспансеры арæзтады ныхмæ къухфыстытæ æрӕмбырд кæнын, уымæн æмæ нымайынц, ацы арæзтад сантирон домæнтæ кæй халы æмæ ахæм "сыхагдзинад" тæссаг кæй у се ‘нæниздзинадæн.

"Тубдиспансерæн бынат равзарыны фарстыл уынаффæ цæуы 2008 азæй фæстæмæ. Амæй размæ цы бынæттæ равзæрстой, уыдоныл нæ службæ не ʻсразы ис, уымæн æмæ дзуапп нæ дæттой нормæтæн. Цы варианттæ нæм æрбавдыстой, уыдонæй мах равзæрстам горæтты хуссар кæрон", — загъта Коцты Марина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты хынцыд цæуынц æппæт санитарон-хъахъхъæнæн нормæтæ, уымæй дарддæр ма уый у горæты кæрон æмæ уæлвæткон уавæрты рæстæджы микробтæ цæудзысты сыгъдæггæнæн арæзтадыл.

Республиканская соматическая больница в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хуссаргæрон цæрджытæ сты тубдиспансеры арæзтады ныхмæ

Уый бамбарын кодта, цæрджыты санитарон-эпидемиологон æнæзиандзинады законы 2004 азы онг дзырдæуыд, ахæм объекттæ кæй хъуамæ уой 500 метры дарддæр цæрæн зонæтæй. Фæлæ ацы нормæ 2010 азæй йæ тых фесæфта.

"Ног домæнтæм гæсгæ инфекцион, психиатрон, туберкулезон нысаны стационартæ гæнæн ис аразын цæрæн районтæй 100 метры дӕрддзæф. Ацы профилы стационартæ, кæцытæ нымад сты мин æмæ фылдæр адӕймагæн, хуыздæр у аразын горæтты æддейæ æрдзы хъæбысы. Махмæ та хъуамæ саразой диспансер 25 рынчынæн", — загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Ноджы ма æнæмæнгхъæуæг домæн у коммуникацитӕ, кæцытæ ацы бынатмæ æрцыдысты уагъд. Югосетпотребнадзор ма проектаразджытæй æрдомдта сæвæрын хисæрмагонд сыгъдæггæнæн арæзтæдтæ, цæмæй æппæтгорæтон коммуникацитæм цы тæнгъæд иу кӕна, уый уа сыгъдæг микробтӕй.

Уымӕй дарддӕр ма нӕй гӕнӕн цӕугӕдӕттӕм ӕппарын алыгъуызон тӕнгъӕдтӕ, кӕцыты мидӕг ис инфекцион низты цырынгӕнджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ, "Югосетпотребнадзор" лыстӕггай ӕвзары алы вариант дӕр, ӕмӕ кӕд истӕуыл фӕдызӕрдыг вӕййы, уӕд смам кӕны проект ӕнӕхъӕнӕй.

Сӕйраг санитарон дохтыр банысан кодта, ранымайгӕ домӕнтӕ иууылдӕр кӕй фӕхӕццӕ сты хицауады онг дӕр.

"Мах не стӕм ацы территорийыл ног диспансер саразыны ныхмӕ", — загъта Коцты Марина.

Уый ныфс бавӕрдта, йӕ ведомствӕ кӕй контроль кӕндзӕн хосгӕнӕн уагдоны сыгъдӕггӕнӕн арӕзтӕдты куыст, диспансер куы скуса, уый фӕстӕ дӕр.

Цхинвалы соматикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы тубдиспансер ӕрбынат кӕндзӕн ног бæстыхайы

"Ныры диспансер цы уавӕрты ис, уым афтӕмӕй кусӕн нӕй. Уый халы ӕппӕт санитарон нормӕтӕ дӕр.Ног бӕстыхайы арӕзтад у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, рӕуджыты низӕй рынчын ӕмбӕстӕгтӕн хъуамӕ уа уавӕртӕ куыд ӕмбӕлы афтӕ хоскӕнынад рацӕуынӕн", — бахахх кодта уый.

Коцты Марина ма бафтыдта йӕ ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, паддзахад, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ хынца йе ‘мбӕстӕгты цӕстӕнгас ӕмӕ ӕнӕразыдзинад, фӕлӕ ӕвдисӕйнӕгтӕн иууылдӕр кӕй хъуамӕ уа бырдур.

"Цӕрджытыл рӕуджыты низ афтӕ ӕнцонтӕй куы хӕцид, уӕд дзы фыццаджыдӕр фӕрынчын уыдаиккой, бирӕ ӕзты ӕдзӕллаг уавӕрты туберкулезон рынчындоны чи кусы, уыцы адӕм, ӕви та диспансермӕ 30 метрӕй ӕввахсдӕр цы хӕдзӕрттӕ ис ӕвӕрд, уыдоны цӕрджытӕ", — загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, дзырд цы раййоныл цӕуы, уый рагӕй кӕй ис мӕгуырау уавӕры, цӕрджытӕ сахуыр сты уырдӕм сӕ бырон калын, ӕмӕ дзы медицинон уагдон куы райдайой аразын, уӕд та ацы территори кӕй ӕрцӕудзӕн хӕрзарӕзт.

Ног хабӕртты лентӕ
0