Владимир Путин раарфӕ кодта Тыбылты Леонидӕн Ног аз ӕмӕ Цыппурсы фӕдыл

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин во время встречи с президентом Южной Осетии Леонидом Тибиловым
Президент РФ Владимир Путин во время встречи с президентом Южной Осетии Леонидом Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕйӕн Путины цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ, ӕппӕт Хуссар Иры адӕмӕн та – фарн ӕмӕ дидинӕфтыд.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирӕн 2016 азы бантыст бирӕ саразын ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы тыххӕй дыууӕварсон бадзырды уагӕвӕрд среализаци кӕнынӕн, дзырдӕуы УФ президент Владимир Путины арфӕйы телы РХИ резидент Тыбылты Леониды адресыл.

Владимир Путин раарфӕ кодта Тыбылты Леонид ӕмӕ Хуссар Иры адӕмӕн ӕрбалӕугӕ Ног аз ӕмӕ Цыппурсы бӕрӕгбӕтты сӕраппонд, фехъусын кодтой республикӕйы сӕргълӕууӕджы администрацийы.

Глава Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй банымад сӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны адӕмы рагон бӕллиц

"Зӕрдӕбынӕй Дын арфӕ кӕнын ӕрбалӕугӕ Ног аз ӕмӕ Цыппурсы бӕрӕгбӕтты цытӕн. 2016 азы Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирӕн бантыст бирӕ саразын ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы тыххӕй дыууӕварсон бадзырды уагӕвӕрд среализаци кӕнынӕн, уый та ахъаз уыд уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты дарддӕры райрӕзтӕн, афтӕ ма регионалон стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинадӕн", — банысан кодта Путин.

Уӕрӕсейаг президент равдыста ныфс, бӕстӕтӕ кӕй адарддӕр кӕндзысты активон иумӕйаг куыст Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн кӕрӕдзийӕн пайдахӕссӕг бастдзинады ӕппӕт комплекс фӕуӕрӕхдӕр кӕныны фӕдыл.

Йӕ хуссарирыстойнаг коллегӕйӕн Путины цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ, ӕппӕт Хуссар Иры адӕмӕн та — фарн ӕмӕ дидинӕфтыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0