Тыбылты Леонид: Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй банымад сӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны адӕмы рагон бӕллиц

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæГлава Южной Осетии Леонид Тибилов
Глава Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы фӕрцы сӕххӕст Хуссар Ирыстоны адӕмы бирӕ фӕлтӕрты ӕнусон бӕллиц йӕ паддзахаддзинад раздахыны фӕдыл, кӕцыйӕ фӕхауӕккаг ӕхсӕз ӕнусы размӕ, загъта Тыбылты Леонид Стратегион иртӕстыты уӕрӕсейаг институты( СИУИ) конференцийыл.

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайгӕйӕ, Мӕскуы баххуыс кодта йӕ адӕмӕн хӕдбардзинады фӕдыл йӕ ӕнӕфӕцудгӕ бар среализаци кӕнын ӕмӕ сӕххӕст кӕнын ӕнусон бӕллиц йӕ паддзахаддзинад раздахыны фӕдыл, загъта дыццӕджы республикӕйы президент Тыбылты Леонид.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: Хуссар Иры ном раивыны фарст рахӕсдзысты референдуммӕ

Тыбылты Леонид райста хайад мадзалы, кӕцы ӕрцыд уагъд УФ президенты администрацийы цур Стратегион иртӕстыты уӕрӕсейаг институты(СИУИ) конференц-залы.

"Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад официалонӕй нымад ӕрцыд Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведевы сӕрмагонд барамындӕй 2008 азы 26 августы. Уый уыд политикон акт, кӕцыйӕн уыд егъау нысаниуӕг йӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадыл тохгӕнӕг адӕмӕн. Уӕрӕсейы фӕрцы сӕххӕст Хуссар Ирыстоны адӕмы бирӕ фӕлтӕрты ӕнусон бӕллиц йӕ паддзахаддзинад раздахыны фӕдыл, кӕцыйӕ фӕхауӕккаг ӕхсӕз ӕнусы размӕ", — загъта Тыбылты Леонид лекци "Хуссар Ирыстоны нысаниуӕг Кавказы политикон стабилондзинад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы"-йы фӕлгӕтты.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, афтӕ хуыйнӕг "фондзбонон хӕсты" рӕстӕджы цы хӕстон ӕнтыст бафтыд къухты, уый кӕй хъӕуы "бафидар кӕнын".

Леонид Тибилов и Олег Говорун - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕрдзырдта Олег Говорунимӕ 2016 азы Инвестпрограммӕйыл

"Паддзахаддзинады банымад радта фадат Уӕрӕсейӕн Хуссар Ирыстонимӕ бадзырдон ахастытӕ сфидар кӕнын, ӕхсӕнпаддзахадон бадзырдтӕ саразгӕйӕ. Уый радта фадат Уӕрӕсейӕн йӕ ӕфсӕддон-политикон уӕвынады барадон базӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнны, бахъахъхъӕнын йӕ паддзахадон ӕдасдзинад ӕмӕ территориалон ӕнӕхъӕндзинад, афтӕ ма саразын фыццаградон уавӕртӕ ныппырхгонд экономикӕ сӕндидзын кӕныны процессы райдианӕн", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. 2008 азы августы кӕрон та Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0