Хуссар Иры ном раивыны фæдыл референдум æрæмных кæндзысты æвзæрстытæм

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезиденто Республики Южная Осетия Л.Тибилов
Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Референдум ауадзыны фарст баст у финансон хæрдзтимæ, уымæ гæсгæ йæ ауадздзысты президентон æвзæрстытимæ иумæ.

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстоны ном раивыны фæдыл референдум гæнæн ис æмæ ауадзой президентон æвзæрстытимæ иумæ, загъта президент Тыбылты Леонид хыгъдон пресс-конференцийы рæстæджы.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: Хуссар Иры ном раивыны фарст рахӕсдзысты референдуммӕ

Президентон æвзæрстытæ нысан æрцыдысты 2017 азы апрельмæ.

Хуссар Ирыстоны ном Хуссар Ирыстон — Аланимæ раивыныл ма президент дзырдта амæй размæ.

Фарст аскъуыддзаг кæныны фæдыл уый хъавы ауадзын политсоветы рабадт январы.

"Референдум ауадзыны хъуыддаг баст у финансон хæрдзтимæ, уымæ гæсгæ раст уаид уый æвзæрстытимæ иумæ ауадзын", — загъта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0