ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минӕвӕрттӕ кӕдфӕндыдӕр хъуамæ уой фæзминаг æмæ хъахъхъæной фӕтк, загъта президент Тыбылты Леонид, æрæджы Цхинвалы ресторантæй иуы сколадзаутæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты хсæн цы инцидент æрцыд, уымæн комментаритæ аразгæйæ.
"ОМОНы кусджытæ, сæ куысты фӕдыл сты æви нæ, уæддæр хъуамæ уой хорз уагахасты дæнцæг æмæ хъахъхъæной æхсæнадон фæтк. Æз зонгӕ дӕн ӕрӕджыйы цауимӕ æмæ нымайын, фæткхалджытӕ кӕй хъуамæ ӕрцӕуой ӕфхӕрд", — загъта президент.
Уый банысан кодта, скъоладзаутимæ ‘рцæугæ цау æмæ ма уымæй размæ дӕр ОМОНы кусджыты хайадистæй цы инцидент ӕрцыд, уыцы цаутæ ныртӕккӕ кӕй сгары прокуратурӕ.
Президент бахахх кодта, ахæм инцидентты аххосаг кӕй вæййынц "нозт æмæ æнӕмбæлон уагахаст".
Хуссар Ирыстоны ОМОНы кусджытæ æмæ Цхинвалы дыккæгæм скъолайы хистæр кълæсты ахуырдзауты хсæн бацайдагъ ис хыл Цхинвалы ресторантæй иуы. Хылы фæстиуæгæн 11-æм къласы ахуырдзаутæй дыууæйæ бахаудысты рынчындонмæ.