Прокуратурӕ ӕвзары милицийы кусджытӕ ӕмӕ 'нахъомты хыл

© Sputnik / Алексей КовалевПрокуратура
Прокуратура - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны МХМ-ы кусджытӕ ӕмӕ цхинвайлаг скъолатӕй иуы ахуыргӕнинӕгты ӕхсӕн ӕрцӕугӕ инцидент айхъуыст дӕрдтыл социалон хызӕгты фӕрцы.

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (ОМОН) кусджытӕ ӕмӕ Цхинвалы 2-ӕм скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ фӕхыл сты горӕты ресторантӕй иуы, радзырдтой Sputnik хистӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгты ныййарджытӕ ӕмӕ сӕ къласон къухдариуӕггӕнӕг, кӕцытӕ ссисты ацы инциденты цӕстӕйфенджытӕ.

Хылы фӕстиуӕгӕн 11 къласы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ бахаудысты рынчындонмӕ.

ОМОНы кусӕгыл ныййарджыты хъаст ныртӕккӕ ис Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы.

Бойцы Омона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы фӕнадтой Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытӕ

Ахуыргӕнинӕгты къласгӕс куыд радзырдта, афтӕмӕй хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕг ресторан "Оазис"-ы нысан кодтой Ног азы ӕрбаввахс.

"Уыдыстӕм 26 сывӕллон, 6 ныййарӕг ӕмӕ ӕз, сӕ къласгӕс. Бадт йӕ тӕмӕны куы бацыд, уӕд фӕсивӕд рацыдысты кафынмӕ. Уыцы рестораны ма бадтысты ӕрыгон лӕппуты къорд, фӕстӕдӕр куыд рабӕрӕг, ОМОНы кусджытӕ. Сӕ иу дӕр, сывӕллон йӕ уӕхсджытыл, афтӕ райдыдта кафын. Нӕ ахуыргӕнинаг Владимир Петриашвилийы къух ӕвӕццӕгӕн ӕнӕнхъӕлӕджы аныдзӕвд сывӕллоныл. Уый нӕсыбырттӕй райста сывӕллоны, бацыд Петриашвилимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ хатты ныццавта. Нӕлгоймаг уыд нозтджын", — радзырдта ахуыргӕнӕг.

Уый фӕстӕ, ныййарджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, райдыдта хыл ӕмӕ хъӕлӕба, уыдон бакодтой сывӕллӕтты ресторанты залтӕй иуы, кӕцыйы авгӕй дуар милицийы кусӕг райдыдта цӕвын къахӕй-къухӕй.

"Уый райста Владимир Петриашвилийы фӕстӕмӕ кафӕн фӕзуатмӕ ӕмӕ йын райдыдта цӕвын йӕ сӕр кафелӕй полмӕ. Сывӕллон фӕуадзыг. Адӕм сӕ райдыдтой иргъӕвын, цӕй рӕстӕджы тыхон структурӕты минӕвар ма цалдӕр хатт ныццавта чызджытӕй иуы дӕр", — дзуры ныййарджытӕй иу.

Ныййарӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "ОМОНы кусӕг иу къухӕй ӕрцахста 11-ӕм къласы ахуыргӕнинаг-чызг Катяйы сӕрыхъуынтӕ, иннӕ къухӕй та йӕ кодта цӕвгӕ".

"Сыррамӕ мӕ бирӕ нал хъуыд. Ахуыргӕнӕг фӕлвӕрдта тыхон структурӕты минӕвары къухтӕй мӕ чызджы байсын, уый фӕстӕ йӕ ныццавта ӕмӕ ӕрмӕст уый фӕстӕ ауагъта Катяйы", — дзуры Катяйы мад Ларисӕ.

Ресторанмӕ фӕдзырдтой милицийы къордмӕ, кӕцы, ахуыргӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акодта Петриашвилийы ӕрфарстмӕ.

Хылы фӕстиуӕгӕн Владимир Петриашвили ӕмӕ йе ‘мкъласон Цоциты Екатеринӕ бахаудысты республикон рынчындоны хирургион хайадмӕ.

Сывӕллӕтты дохтыр Дзаттиаты Эльзӕ радзырдта Sputnik, дыууӕ скъоладзауӕн дӕр кӕй ис ӕхгӕд сӕргӕхц-магъзы травмӕтӕ.

Станция скорой помощи в городе Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕг ссыгъта кӕйдӕр машинӕ ӕмӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын

"Дыууӕтӕ дӕр ӕрбахаудысты иу боны мидӕг. Сарӕзтам сын анализтӕ, рентгентӕ. Басгӕрста сӕ невролог. Ис сын магъзы ӕнкъуыст. Лӕппуйы йӕ ныййарджытӕ сӕ къух ӕрфыссыны фӕстӕ акодтой ӕмӕ йын хӕдзармӕ рафыстой хоскӕнынад. Чызг нырма дӕр ис рынчындоны. Йӕ уавӕр у стабилон", — загъта дохтыр.

Скъолайы директор Ольга Михайлиди рахуыдта Петриашвилийы "хорз ахуыргӕнинаг, спортсмен, скъолайон мадзӕлтты активист ӕмӕ конфликттӕм ӕмхиц чи нӕу, ахӕм сывӕллон".

Уый бафтыдта йӕ ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, ОМОНы кусджытӕ ӕдзухдӕр ӕххуыс кӕнынц скъолайӕн алыгъуызон мадзӕлтты рӕстӕджы, ахуырадон уагдоны къухдариуӕгад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ арвыста бузныджы фыстӕджытӕ ацы структурӕйы хистӕры номыл, фӕлӕ сӕ кусджыты ацы хыл скъоладзаутимӕ ныууагъта негативон фӕд.

Ныртӕккӕ фарст скъуыддзаг кӕны ахуырады министрад ӕмӕ прокуратурӕ.

Ацы хабар айхъуыст дардыл социалон хызӕгты руаджы, цыран ӕй апарахат кодтой скъоладзауты ныййарджытӕ. Фӕстӕдӕр интернеты фӕзынд ӕндӕр ӕрмӕджытӕ, цыран автортӕ фидарӕй дзардтой, цауы аххосджын кӕй уыдысты скъоладзаутӕ сӕхӕдӕг.

МХМ пресс-службӕйы Sputnik фехъусын кодтой, ацы цауы фӕдыл ӕппӕт ӕрмӕджытӕ дӕр лӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты республикӕйы генералон прокуратурӕмӕ ӕмӕ ӕндӕр комментаритыл нал сразы сты.

Генпрокуратурӕйы дӕр банысан кодтой, кӕм сӕм ӕрбацыд мидхъуыддӕгты министрадӕй ӕрмӕджытӕ.

"МХМ ӕрбарвыста инциденты фӕдыл документтӕ, ныртӕккӕ ацы фарст равзарыныл цӕуы куыст", — загътой ведомствӕйы.

Афтӕ ма генпрокуратурӕйы банысан кодтой, кӕй сӕм ис рестораны камерӕтӕй ист видеоӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ феххуыс уыдзысты хабар раст равзарынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0