Бибылты Анатолий: иу адӕймаджы капризтӕ парламенты нымадмӕ ист нӕ цӕуынц

© Sputnik / Ада БагианСпикер парламента Анатолий Бибилов
Спикер парламента Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер сарӕзта комментаритӕ республикӕйы сӕргълӕууӕджы уынаффӕйӕн, зӕгъгӕ, ӕххӕстгӕнӕн хицауад цы бюджет банхъардта, уый райстимӕ депутатон корпус рацыдаид Конституцийы ныхмӕ.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бюджеты проект 2017 азӕн парламент не сфидар кодта ӕххӕстгӕнӕн хицауады аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Цыппӕрӕмы республикӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид, бюджет фидар кӕй не ‘рцыд, уый фӕдыл бӕрндзинад сӕвӕрдта парламенты спикерыл, зӕгъгӕ "уый у хицӕн адӕймаджы каприз ӕмӕ дзуапп дӕтдзӕн спикер йӕхӕдӕг".

"Бюджет райст не рцыд, уымӕн ӕмӕ Конституцийы нӕй Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондон, кӕцы паддзахадон бюджеты нысан цӕуы куыд бюджетон фӕрӕзты сӕйраг уынаффӕгӕнджытӕй иу. Мӕнӕн, куыд парламенты спикерӕн, афтӕ хъыгаг ӕмӕ зынӕмбарӕн у, Конституцийы гарант кӕй разӕнгард кӕны депутатон корпусы Конституцийы ныхмӕ рацӕуын. Бюджетимӕ уавӕры та мах хӕссӕм бӕрндзинад республикӕйы Бындурон законы домӕнтӕ ‘ххӕст кӕныны фӕдыл", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый банысан кодта, "парламент кӕй у коллегиалон орган, цы ран иу адӕймаджы карпизтӕ нымадмӕ ист нӕ цӕуынц".

ДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Хуссар Иры бюджет фидар не рцыд спикеры капризы тыххӕй

"Растдӕр ӕххӕстгӕнӕн хицауадӕй иу адӕймаджы капризы тыххӕй ныры онг фидар не рцыд профессионалон парламенты тыххӕй закон", — загъта спикер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕрайст бюджет никуыд бандавдзӕн, бюджетон ӕмӕ паддзахадон сферӕйы кусджытӕн сӕ куыстмыздтӕ фидыныл.

"Бюджеты ӕнӕрайст нӕ нымайын трагедийыл, уымӕн ӕмӕ уый никуыд бандавдзӕн кустмыздты фиддӕнтыл. Ничи баззайдзӕн ӕнӕ мыздӕй, министрӕдтӕ та ӕрвылмӕй дӕр исдзысты ӕмбӕлон фӕрӕзты дыууадӕсӕм хай", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма загъта, хъыгаг ын кӕй у, ацы ӕндыгъд уавӕр хицауады дыууӕ къабазы ӕхсӕн Ног азы агъоммӕ ӕмӕ бафтыдта, бюджет райсыны фӕдыл парламент кӕй адарддӕр кӕндзӕн консультацитӕ ногазон бӕрӕгбӕтты фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0