ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид дардзӕн хисӕрмагонд контролы бын, Хуссар Ирыстоны ногазон бонты уагӕвӕрд куыд хъахъхъӕд цӕуы, уый. Уый тыххӕй паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта тыхон структурӕты сӕргълӕуджытимӕ ӕмбырды рӕстӕджы, загъта Sputnik йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.
Ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕгмӕ Хуссар Ир ӕрӕхгӕндзӕн арӕн Гуырдзыстонимӕ. Республикӕйы ӕхсӕнадон уагӕвӕрдмӕ сӕ хъус дардзысты мидхъуыддӕгты министрады 600 кусӕджы.
"Республикӕйы цы уавӕр ис, уый фӕдыл информаци оперативон режимӕй хъуамӕ цӕуа лӕвӕрд президентӕн. Махыл бирӕ ис баст, уый нымӕцы уый ӕмӕ цӕмӕй ма сӕвзӕра уавӕртӕ, кӕцытӕ нырхӕндӕг кӕной республикӕйы цӕрджыты бӕрӕгбон", — загъта Тыбылты Леонид.
Уый банысан кодта, раздӕр йӕ къух кӕй бафыста куыстыты нывӕзтыл ӕмӕ банысан кодта, бӕрӕгбӕттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, службӕ хъуамӕ ӕххӕст цӕуа, тыхон структурӕтӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органтӕ хъуамӕ хъахъхъӕной уагӕвӕрд ӕмӕ дисциплинӕ, куыд Цхинвалы, афтӕ республикӕйы районты дӕр.
Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тыхон структурӕтӕн радтӕуыд бардзырд горӕты ӕмӕ районты службӕ фӕтыхджындӕр кӕнын, "прокуратурӕйы цур слестгӕнӕн оперативон къорд та ныридӕгӕн кусы фӕкарздӕргонд режимы".
Ӕдасдзинады советы секретарь Плиты Анатолий банысан кодта, табелон хӕцӕнгарзӕй пайдакӕнынады уагӕвӕрд кӕй хъӕуы карзӕй ӕххӕст кӕнын.
Президент раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕрбалӕугӕ бӕрӕгбӕтты цытӕн ӕмӕ банысан кодта, тыхон структурӕтӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органтыл кӕй ис ӕвӕрд стыр ӕмӕ бӕрнон мисси — уагӕвӕрд бахъахъхъӕнын ӕмӕ фӕткхӕлдтытӕ рагфӕдзӕхст кӕнын.