ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты кампани ис гӕнӕн ӕмӕ райдайа ӕввахс бонты — парламентӕн ис рӕстӕг абоны бонӕй мӕйы кӕронмӕ, цӕмӕй фехъусын кӕна ӕвзӕрстагъоммӕ дугъты официалон райдиан. Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся загъта Sputnik, датӕ снысан кӕнынӕн депутаттӕн кӕй ис рӕстӕг 9 январӕй 29 январы онг.
Фарон, 9 декабры парламент райста барастгӕнинӕгтӕ президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ республикӕ ног президент ӕвзардзӕн, ныры президент фондз азы размӕ цы мӕйы равзӕрст ӕрцыд, уыцы мӕйы дыккаг хуыцаубоны. Ома хъӕлӕсӕппӕрсты бон хауы ацы аз 9 апрельмӕ.
"Официалон ӕгъдауӕй ӕвзӕрстыты датӕ хъуамӕ фехъусын кӕной иууыл къаддӕрӕй 70 ӕмӕ иууыл фылдӕрӕй 90 бон раздӕр фехъуыстгонд ӕмгъуыдӕй. Ӕмӕ кӕд парламент цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ не снысан кӕна ӕвзӕрстыты бон апрелы дыккаг хуыцаубонмӕ, уӕд ЦӔК снысан кӕндзӕн хъӕлӕсӕппӕрсты бон апрелы ӕртыккаг хуыцаубонмӕ", — загъта Коцты Олеся.
Уый ӕмрӕстӕджы, бахахх кодта комитеты разамонӕг, парламент фӕнд кӕны снысангонд рӕстӕгмӕ йӕ конституцион бартӕй спайда кӕнын.
Ӕвзӕрстагъоммӕ дугъты официалон райдианӕй инициативон къордтӕ ӕмӕ политикон партитӕн ис бар сӕ кандидатты раразмӕ кӕнынӕн уӕлдӕр паддзахадон бынатмӕ.
"Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ бахатой Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, кӕцыйӕн уыдзӕн фондз боны сӕ кандидаты пайдайӕн къухфысттӕ ӕмбырд кӕныны бар раттынӕн. Уыимӕ иумӕ инициативон къордӕн ис фадат бахатын ЦӔК-мӕ ӕнӕ развӕлгъау мадзӕлттӕй, афтӕмӕй партийы та бахъӕудзӕн ауадзын съезд, ӕфтӕ ма уымӕй фондз бон раздӕр хъуамӕ фехъусын кӕна къамисӕн мадзалы тыххӕй", — бамбарын кодта парламентон комитеты разамонӕг.
Депутат банысан кодта, кандидатӕн кӕй уыдзӕн бар йӕ ӕвзӕрстагъоммӕ кампани райдайын, куыддӕр ын Централон ӕвзарӕн къамис радта ӕвдисӕндар, афтӕ.
Кандидаттӕн ӕвзӕрстагъоммӕ дугъты хайадисджыты хуызы регистраци райсыны фӕстаг ӕмгъуыд у ӕвзӕрстытӕй 25 бон раздӕр. Растдӕр уыцы ӕмгъуыдмӕ ЦӔК хъуамӕ райса скъуыддзаг — кандидатты регистраци скӕнын, науӕд та уыдонӕн "нӕ" зӕгъын.
Фӕстаг барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ, президенты бынатмӕ кандидаттӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной 3,5 мин хъӕлӕсы сӕ пайдайӕн, раздӕр та хъуыд ӕрмӕстдӕр иу мин хъӕлӕсы.
Абоны бонмӕ президенты бынатмӕ сӕ кандидатурӕтӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы архайгӕ президент Тыбылты Леонид, экс-президент Кокойты Эдуард, парламенты спикер Бибылты Анатолий.