Гуырдзыстоны ӕртӕ ӕмбӕстаджы фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн Цыппурсы

© Sputnik / Михаил ХасиевПограничники на югоосетино-грузинской границе.
Пограничники на югоосетино-грузинской границе. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арӕн фехалӕг ӕмбӕстӕгты арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы ӕмӕ Знауыры районты.

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цыппурсы бӕрӕгбӕтты арӕнхъахъхӕнджытӕ Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой ӕртӕ гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, загътой дыццӕджы Sputnik ПӔК-ы пресс-службӕйы.

Пограничный пост границы  Республики Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕрӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн ногазон бӕрӕгбӕтты

Ивгъуыд аз паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой 549 адӕймаджы. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай — 325 — сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, 133 гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы, 68 уӕрӕсейаг ӕмбӕстаджы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты 23 ӕмбӕстаджы.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны фадгуытыл Знауыры ӕмӕ Цхинвалы районты паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой ӕртӕ гуырдзиаг ӕмбӕстаджы", — загътой Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты.

Арӕнгӕрон службӕ уадзы равзӕрст, куыст цӕуы ӕрмӕджытӕ тӕрхондонмӕ адӕттыны фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0