ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цхинвалы горӕттаг прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг 115 статьямӕ гӕсгӕ (УФ УК) ОМОНы кусӕджы ныхмӕ, фехъусын кодтой Sputnik прокуратурӕйы.
"Скъоладзауы ӕнӕниздзинадӕн чысыл зиан бакӕныны факты фӕдыл Цхинвалы горӕты прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ОМОН-ы кусӕг Дочийы фырты ныхмӕ. Прокуратурӕ райста тӕрхондонон-медицинон эксперты хатдзӕгтӕ. Махмӕ ма ис, ОМОН-ы кусӕг ӕмӕ скъоладзауты ӕхсӕн хыл цы рестораны ӕрцыд, уый цӕстдарӕн камерӕты видеоӕрмӕджытӕ. Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ. Ӕрмӕджытимӕ цӕуы лӕмбынӕг куыст", — загъта горӕты прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Джиоты Эдвард.
Уый ма бафтыдта, ОМОН-ы кусӕг ныры онг дӕр кӕй ӕххӕст кӕны йӕ кусӕгон хӕстӕ, фӕлӕ ис гӕнӕн ӕмӕ прокуратурӕ бахата, цӕмӕй Дочийы фырты рӕстӕгмӕ аиуварс кӕной йӕ куыстӕй.