Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты ном арынӕн Хуссар Иры сараздзысты мемориалон комплекс

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæПятая годовщина трагических событий в Южной Осетии
Пятая годовщина трагических событий в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект саразыныл кусы цӕгатирыстойнаг фирмӕ "Перспектива", ӕввахс бонты Цхинвалы ӕрӕмбырд уыдзӕн къамис, кӕцыйы уӕнгтӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты комплексы арӕзтадимӕ баст фарстытыл.

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Ацы аз Хуссар Ирыстоны нывӕндынц мемориалон комплексы арӕзтад райдайын, 1989 — 2008 ӕзты гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадӕн йӕ цард чи снывонд кодта, уыцы фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты ном арынӕн.

Комплексы арӕзтад бахастӕуыд ацы азы Инвестпрограммӕмӕ, уымӕн хицӕн ӕрцӕудзӕн 63 млн сомы, загътой Sputnik Арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Раздӕр Цхинвалмӕ бацӕуӕны ныгуылӕйнаг къуылдымыл — комплекс цы бынаты фӕнд кодтой саразын — ӕвӕрд ӕрцыд дур, фӕлӕ рабӕрӕг, мемориалон комплексы арӕзтады рӕстӕджы кӕй бахъыг дардзысты газы хӕтӕлтӕ.

"Ацы бынатимӕ фӕзынд цавӕрдӕр проблемӕтӕ — уым цӕуынц газы хӕтӕлтӕ, кӕцытӕ хъыг дарынц мемориалон комплексы арӕзтад. Уымӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуы ног фадыг рахицӕн кӕныны фарст", — загъта Арӕзтады министрады пресс-секретарь Тедеты Аленӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рахаст ӕрцӕудзӕн цавӕрдӕр техникон скъуыддзаг, кӕцы ратдзӕн фадат комплекс раздӕр снысангонд бынаты саразын. Дзырд ма цӕуы Националон музейы фӕстӕ территорийы фадыг рахицӕн кӕныныл дӕр.

Дменисы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хъайтартӕн Дменисы аразынц мемориалон комплекс

"Энергоресурс"-ы структурон дӕлхайады директор Табуты Нугзар загъта Sputnik, ацы фарст иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ лӕууыд боны фӕткы, цалдӕр азы размӕ ма бахаст ӕрцыд фӕндон газы хӕтӕлты цыды хахх раивыны фӕдыл.

Табуты Нугзары ныхӕстӕм гӕсгӕ, мемориалон комплексы раздӕры проект фидыдта ныгуылӕйнаг къуылдымы фадыгыл.

"Уый фӕстӕ проект аивтой. Комплекс цы территорийыл нывӕндынц саразын, уый фӕуӕрӕхдӕр, уымӕ гӕсгӕ ныр хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын фарст, цӕмӕй газы хӕтӕлтӕ ӕмӕ комплекс кӕрӕдзи ма хъыг дарой", — банысан кодта уый.

Ног проектыл саразыныл кусы цӕгатирыстойнаг фирмӕ "Перспектива", ӕввахс бонты Цхинвалы ӕрӕмбырд уыдзӕн къамис, кӕцыйы уӕнгтӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты комплексы арӕзтадимӕ баст фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0