Хуссар Ирыстоны минӕвар хайад райста Ортегайы инаугурацийы

© REUTERS / OSWALDO RIVASDaniel Ortega
Daniel Ortega - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Даниэль Ортега, кӕцы фӕуӕлахиз ноябры ӕвзӕрстыты, къуырисӕры официалон ӕгъдауӕй бахызт Никарагуайы президенты бынатмӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста бӕстӕйы президент Даниель Ортегайы йӕ бынатмӕ бахызты цытджын церемонийы, фехъусын кодта ФХМ-ы пресс-службӕ.

Ортега къуырисӕры бахызт Никарагуайы президенты бынатмӕ ӕртыккаг хатт, ноябры ӕвзӕрстыты ныфсджынӕй фӕуӕлахизуӕвгӕйӕ. Церемони уагъд ӕрцыд Революцийы фӕзуаты Манагуайы.

Президент Никарагуа Даниэль Ортега - Sputnik Хуссар Ирыстон
Даниель Ортегайы ӕртыккаг хатт равзæрстой Никарагуайы президентæй

Козаты Нарим радта Никарагуайы президентмӕ арфӕйы фыстӕг Хуссар Ирыстоны президентӕй.

"Дӕ ныфсджын уӕлахиз ӕвзӕрстыты ссис ирд ӕмӕ æнæдзырддаг ӕвдисӕн уымӕн, адӕмы ӕхсӕн дын кӕй ис стыр авторитет куыд националон лидерӕн, адӕм Дӕ кӕй уарзынц ӕмӕ хорзыл нымайынц, цы политикон курс уадзыс бӕстӕйы райрӕзты пайдайӕн, уый", — дзырдӕуы Тыбылты Леониды телы.

Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адӕмӕй кӕй никуы уыдзӕн рох, Никарагуайы адӕм Уӕрӕсейы фӕстӕ кӕй рахӕцыдысты республикӕйы ӕхсӕнадӕмон банымады хъӕппӕрисы фарс. Тыбылты Леонид загъта бузныг Ортегайӕн ахӕм ӕхсарджын скъуыддзаджы тыххӕй.

Уый ма загъта, Хуссар Ирыстоны ныфс кӕй ӕвӕрынц дыууӕ бӕстӕты хӕларадон ахастыты райрӕзты хорз перспективӕтӕй ӕмӕ никарагуайаг коллегӕйӕн йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ дарддӕры ӕнтыстытӕ паддзахадон архайды, Никарагуайы хӕларадон адӕмӕн та — сабырад, фарн ӕмӕ дидинӕфтыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0