ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг таможнӕйон кусджытӕ нывӕндынц 2017 азы райдайын уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" иумӕйаг контроль, загъта журналисттӕн майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны таможнӕйон комитеты сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мурӕт.
Иумӕйаг контроль уагъд цӕудзӕн фарон апрелы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн хуссарирыстойнаг таможнӕйон кусджытӕ ӕмӕ УФ таможнӕйон органтимӕ интеграцийы фӕдыл бафыстгонд бадзырды фӕлгӕтты. Уый рагхыгъд кӕны Интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисады бадзырд, кӕцы дыууӕ бӕстӕты сӕргълӕуджытӕ бафыстой 2015 азы марты.
"Бадзырды комкоммӕ фыст ис, 2017 азмы кӕронмӕ мах кӕй хъуамӕ рахизӕм таможнӕйон пост "Рукъ"-ӕй "Дӕллаг Зӕрӕмӕгмӕ". Нӕ коллегӕтӕ хӕсдзысты службӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ иумӕ. Уый фӕрогдӕр кӕндзӕн амалиуӕггӕнджыты архайд, бӕрӕг фӕкъаддӕр уыдзӕн уыдон уадзыны рӕстӕг. Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг таможнӕйон кусджытӕ кусдзысты иу хатӕны. Зӕгъӕм, уӕрӕсейаг таможнӕйы кусӕг базайрагӕн экспортмӕ куы араза йӕ документтӕ, уӕд нӕ кусӕг та уыцы базайрагӕн сараздзӕн импорт", — радзырдта Цхуырбаты Мурӕт.
Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл базайрӕгтӕ ӕмӕ уӕргъты иумӕйаг контролӕй дарддӕр ма таможнӕйон къабазы бадзырд нысан кӕны, хуссарирыстойнаг таможнӕйон органтӕ кӕй рахиздзысты Евразиаг цӕдисы закъондӕттынадмӕ таможнӕйон хъуыддаджы.
Бадзырдмӕ гӕсгӕ ма Хуссар Ирыстоны таможнӕйон органтӕ рахиздзысты, Уӕрӕсейы Федерацийы таможнӕйон органты цы штатон программон фӕрӕзтӕ ӕмӕ технологитӕй пайда кӕнынц, уымӕ, уадздзысты, уымы таможнӕйон хъуыддаджы цы таможнӕйон операцитӕ уадзынц, ахӕмтӕ.